Цхинвалы ӕрдзырдтой Паддзахадон унитарон куыстуатты архайдыл

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны паддзахадон унитарон куыстуатты разамонджытӕ хыгъдлӕвӕрд радтой 2018 азы куысты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 27 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдары хӕдивӕг, экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадий банысан кодта, паддзахадон унитарон куыстуаттӕ-иу рӕстӕгыл кæй хъуамæ бадæттой хыгъдлӕвӕрдтæ, афтæ ма банхъардта саразын финансон-хӕдзарадон архайды ӕрвылазон аудиторон басгӕрст.

Уый тыххӕй Бекъойты Геннадий фехъусын кодта паддзахадон унитарон куыстуаттӕм хъусдарды фӕдыл ӕхсӕнуагдонон къамисы рабадтыл, цы ран хайад райстой паддзахадон куыстуаттӕ, ЦКХ, столицӕ ӕмӕ районты разамонджытӕ.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый фӕфылдӕр кӕндзӕн хыгъдлӕвӕрдты гъӕд, ӕмӕ бандавдзӕн нывӕзтытӕ ӕххӕст кӕныныл", - загъта Бекъойты Геннадий.

Республикӕйы 33 паддзахадон унитарон куыстуаттӕй 28 хыгълӕвӕрдты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ банысан кодтой, бюджетмӕ 10-15% хъалонон фӕрӕзтӕ фылдӕр кӕй бацыд 2017 азмӕ абаргӕйӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0