Радмӕ гӕсгӕ: мэрийы цӕрӕнуатон къамис дарддӕр кусы

© Sputnik / Наталья АйриянСӕ хицӕуттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ноджы сӕдӕ фатеры бӕрц
Сӕ хицӕуттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ноджы сӕдӕ фатеры бӕрц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сӕ хицӕуттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ноджы сӕдӕ фатеры бӕрц

ЦХИНВАЛ, 1 мар— Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны сӕйраг сахары Хъайтарты уынгыл уӕвӕг микрорайоны мэри радта 105 фатерӕй дӕгъӕлтӕ, цы 95 фатеры ма дзы баззад, уыдон фидӕны хицӕутты цӕрӕнуатон къамис фӕнд кӕны ноджы басгарын.

Цхинвалы Хъайтарты уынгыл ног хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы сӕдӕ бинонтӕй фылдӕр тагъд райсдзысты ног фатертӕ

Амӕй размӕ, горӕты администраци ныммыхуыр кодта хӕдзар райсынмӕ номхыгъд 136 претендентӕй, фӕлӕ кроны нымхыгъд хицӕн аххосӕгтӕм гӕсгӕ фӕкъаддӕр.

Цӕрӕнуатон къамисы сӕрдар Джиоты Эндрикы ныхӕстӕм гӕсгӕ, номхыгъд мыхуыр ӕрцыд уӕлӕмхас информаци райсыны оххыл ӕмӕ уый фӕстӕ номхыгъдӕй ахауд 31 рады лӕууӕджы.

"Къамисы куыст адарддӕр уыдзӕн раздӕры схемӕмӕ гӕсгӕ. Рады лӕууӕг адӕмы сгардзысты нымхыгъды сӕ бынатмӕ гӕсгӕ", — хъусын кӕны пресс-службӕ Джиоты Эндрикы ныхӕстӕ.

Уый ма бафиппайдта, кӕцыдӕр ӕмбӕстӕгты хӕдзар райсынӕн хъӕуы раттын сӕ раздӕры фатертӕ, уыдон та нырма уынаффӕ нӕ рахатой.

Бибылты Анатолий бацыд Ирӕтты уынгмӕ ӕмӕ аныхас кодта кӕлӕццаг хӕдзӕртты цӕрджытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирӕтты уынгыл кӕлӕццаг хӕдзӕртты цӕрджытӕн радтой ног фатертӕ

Цӕрӕнуатон къамисы уӕнг Ӕлборты Родион ныфс радта, къамис йӕ куыст кӕй адарддӕр кӕндзӕн аннӕ куырдиаттыл.

"Алкӕмӕндӕр, кӕцытӕ сӕ гӕххӕтытӕ радтой фатер райсынмӕ, къамис бабӕрӕг кӕндзӕн сӕ цӕрӕнуатон уавӕртӕ. Хатгай нӕм ӕрбацӕуынц номхыгъды 500 бынаты чи ис ӕмӕ домынц сӕ фарст аскъуыддзаг кӕнын. Ӕмбарын хъӕуы, уыдон разы ис адӕм ӕмӕ сгарын хъӕуы номыхыгъдмӕ гӕсгӕ"— загъта уый.

Мэрийы бӕлвырдӕй нӕ загътой кӕд балхынцъ кӕндзӕн къамис йӕ куыст аннӕ 95 фатеры хицӕуттӕ сбӕлвырд кӕнын фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0