Журнал "Хуры тынтӕ" сиды литературон конкурсы хайад райсынмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЖурнал "Хуры тынтӕ" сиды литературон конкурсы хайад райсынмӕ
Журнал Хуры тынтӕ сиды литературон конкурсы хайад райсынмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыздӕр куыстыты автортӕ райсдзысты хцайы премитӕ, уацтӕ та мыхуыры рацӕудзысты журналы

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иунӕг сывӕллӕтты журнал "Хуры тынтӕ" сиды литературон конкурсы хайад райсынмӕ. Уацтӕ бавдисӕн ис ахӕм темӕты фӕдыл – "Ме ʻвзаг – мӕ цард у", "Фыдыбӕстӕ уарзон" ӕмӕ "Ныййарӕг – мӕ зарӕг". Йӕ редактор Цыбырты Мӕдинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хуыздӕр куыстыты автортӕ райсдзысты хцайы премитӕ, уацтӕ та мыхуыры рацӕудзысты журналы.

Мадина Чибирова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цыбырты Мӕдинӕ ӕртӕ азы йӕхи фӕрӕзтӕй уадзы сабиты журнал

Сывӕллӕтты журнал "Хуры тынтӕ" цӕуы ӕхсӕзӕм аз, ацы ӕмгъуыд дзы рацыд фараст номыр, уыдонӕн сӕ фылдӕр йӕ редактор Цыбырты Мӕдинӕйӕн йӕхи хӕрдзтӕй.

"Ӕрмӕсддӕр ӕртӕ номыр рацыд хицауады ӕххуысӕй аннӕтӕ уадзын мӕ пенсийы фӕрӕзтӕй. Конкурсы ӕртӕ хуыздӕр куыстӕн снысан кодтон премитӕ – 8, 6 ӕмӕ 4 мин сомы. Журналы радон номыр рауадзын фӕнд кӕнын Хуссар Иры хӕдбардзинады банымады бон - 26 августмӕ. Катайаг у журналы хъысмӕт. Мӕхи ныффыссын кодтон президентмӕ химӕрайстмӕ, иунӕг ныфс ма мӕ уымӕй ис, кӕд дзы йӕ ирон зӕрдӕ ӕсдзурид ӕмӕ не ʻруадзид журнал амӕлын", - радзырдта Sputnik редактор Цыбырты Мӕдинӕ.

Чингуытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Литературон конкурс "Булæмæргъ"-ы лауреатты зӕгъдзысты иу мӕймӕ

Куырдиӕттӕ ист цӕуынц нӕ горӕты Знауры уынджы, 12 хӕдзары (тел.: 8-929-804-30-19)

Редактор журналӕн уыны дывӕр ӕвӕрццаг ӕндӕвдад - иуӕй ам мыхуыр кӕндзысты ӕвзонг курдиатджын фӕсивӕд, аннӕмӕй та журнал у ирон ӕвзаг сахуыр кӕнын ӕмӕ бауарзын кӕныны фӕрӕз. Мыхуыры фӕрӕзы тыххӕй Sputnik фыста 2016 ӕмӕ 2018 ӕзты, фӕлӕ уӕдӕй йӕ уавӕр ницы фӕивта. Ирон ӕвзаджы райрӕзты нывӕзт "Малусӕг"-ы фӕлгӕтты цы номыртӕ рацыд, уыдонӕй дарддӕр аннӕтӕ редактор уадзы йӕхи хӕрдзтӕй.

© Sputnik / Наталья АйриянЦыбырты Мӕдинӕ
Журнал Хуры тынтӕ сиды литературон конкурсы хайад райсынмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цыбырты Мӕдинӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0