Хуссар Иры уыдзысты дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæӔхсӕнадӕмон сылгоймӕгты бон
Ӕхсӕнадӕмон сылгоймӕгты бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз Ӕхсӕнадӕмон сылгоймӕгты бон уыдзӕн майрӕмбоны, уый фӕдыл республикӕйы цӕрджытӕ улӕфдзысты ӕртӕ боны фӕд-фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 4 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ ацы къуыри улӕфдзысты ӕртӕ боны – 8, 9 ӕмӕ 10 марты (майрӕмбон, сабат ӕмӕ хуыцаубон) – Ӕхсӕнадӕмон сылгоймӕгты боны цытӕн.

Хицауады хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад сфидар кодта 2019 азы улæфт бонты нымæц

Ацы бӕрӕгбон Хуссар Ирыстоны ӕмӕ дунейы дӕсгай бӕстӕты нысан кӕнынц 8 марты. Бахастой йӕ бӕрӕгбонон ӕмӕ мысӕн бонты къӕлиндармӕ ӕмӕ у улӕфт бон.

Иннӕ дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ Хуссар Ирыстоны уыдзысты майы – республикӕйы цӕрджытӕ иумӕйагӕй улӕфдзысты 10 боны - Уалдзӕг ӕмӕ фӕллойы боны цытӕн (1-5 май) ӕмӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизы цытӕн (9-12 май).

Ног хабӕртты лентӕ
0