Владимир Путин: Уӕрӕсе алцыдӕр аразы Хуссар Иры райрӕзтӕн

© Пресс-служба президента РЮОВладимир Путин ӕмӕ Бибылты Анатолийы фембӕлд
Владимир Путин ӕмӕ Бибылты Анатолийы фембӕлд  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕскуыйы ацыд Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президентты фембӕлд, бӕстӕты лидертӕ ӕрдзырдтой дыууӕварсон ӕмгуыстады уавӕр ӕмӕ перспективӕтыл

ЦХИНВАЛ, 6 мар - Sputnik. Уӕрӕсе алцыдӕр аразы Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинад ӕмӕ райрӕзтӕн, загъта Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин йӕ хуссарирыстойнаг коллегӕ Бибылты Анатолиимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

"Мах алцыдӕр аразӕм, цӕмӕй сӕххӕст кӕнӕм республикӕйы ӕдасдзинад ӕмӕ социалон-экономикон райрӕзт. Ацы здӕхты дарддӕр дӕр кусдзыстӕм", - загъта Владимир Путин, кӕцыйы ныхӕстӕ фехъусын кодта РИА Новости.

Уӕрӕсейаг лидер банысан кодта, Хуссар Ирыстоны сӕрды кӕй ацӕудзысты парламентон ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ Уӕрӕсе арвитдзӕн уырдӕм цӕстдарджыты.

Бибылты Анатолий бахахх кодта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сӕргълӕуджыты фембӕлд ныфс дӕтты, дыууӕ бӕстӕйы стратегион ӕмбалад кӕй ис бӕрзонд ӕмвӕзадыл.

Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны президент банысан кодта, паддзахадты ӕхсӕн бадзырдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц.

Ацы фембылд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы лидертӕн уыд цыппӕрӕм. Фыццаг хатт Бибылты Анатолий ӕрдзырдта Владимир Путинимӕ дыууӕ бӕстӕйы ӕмгуыстадыл 2017 аз 2 майы Сочийы. Уыцы аз ноябры Хуссар Ирыстоны президент ацыд Мӕскуымӕ официалон балцы, кӕцыйы фӕлгӕтты ауагъта баныхас йӕ уӕрӕсейаг коллегӕимӕ.

Ӕртыккаг фембӕлд ацыд 2018 азы 24 августы, кӕцы уыд нывонд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад Уӕрӕсейы рдыгӕй банымайыныл 10 азы сӕххӕсты цытӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0