Хуссар Иры скъоладзау баххуыс кодта ӕрцахсын фӕткхалӕджы

© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры скъоладзау баххуыс кодта ӕрцахсын фӕткхалӕджы
Хуссар Иры скъоладзау баххуыс кодта ӕрцахсын фӕткхалӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Собаты Аслан баххуыс кодта МХМ кусджытӕн ӕрцахсын шофыры, кӕцы ныццавта чызджы Цхинвалы

ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ радтой Колыты Аксойы номыл Паддзахадон аивӕдты лицӕйы ӕстӕм къласы ахуыргӕнинагӕн бузныджы тел фӕткхалӕджы ӕрцахсынӕн ӕххуысы тыххӕй, дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Рейдтӕ  Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бабырст, адавд ӕмӕ цыппар ФТЦ: Хуссар Иры МХМ ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

Фӕндагон хъусдарды фӕдыл хистӕр паддзахадон автоинспектор, милицийы майор Бесаты Александр МХМ къухдариуӕгад ӕмӕ кусджыты номӕй загъта бузныг Собаты Асланӕн йӕ ӕххуысы тыххӕй Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕн.

Собаты Аслан ӕмӕ йе мбал уыдысты фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ) цӕстӕйфенджытӕ. Скъоладзаутӕ баххуыс кодтой чызгӕн, кӕцыйы ныццавта хӕдтулгӕ.

"Чызг хъуамӕ ахызтаит фӕндаг алвӕндагыл, цы ран нӕ куыстой светофортӕ ӕмӕ йӕ ныццавта хӕдтулгӕ. Мах сбадын кодтам чызджы нӕ хӕдтулгӕйы ӕмӕ йӕ аластам рынчындонмӕ", - хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ скъоладзауы ныхӕстӕ.

Уагдоны нӕ фехъусын кодтой, куыд баххуыс кодта Собаты Аслан милицийӕн ссарын аварийы аххосджыны.

Ног хабӕртты лентӕ
0