Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг нал уадзы йӕ кусджыты ӕнӕ барлӕвӕрдӕй цӕуын республикӕйӕ

© Sputnik / Наталья АйриянМХМ
МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы мидхъуыддӕгты министр ӕртыццӕджы ауагъта рабадт уагдоны къухдариуӕгадимӕ

ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕг Наниты Игорь нал уадзы уагдоны кусджытӕ цӕуын республикӕйы территорийӕ ӕнӕ барлӕвӕрдӕй, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры скъоладзау баххуыс кодта ӕрцахсын фӕткхалӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры скъоладзау баххуыс кодта ӕрцахсын фӕткхалӕджы

Афтӕ ма Мидхъуыддӕгты министрады къухдариуӕгады рабадтыл ӕрдзырдтой кусджыты службӕйон дисциплинӕйыл дӕр.

"Хуссар Ирыстоны МХМ хайадты хистӕртӕ хъуамӕ сӕйраг хъусдард здӕхой ӕххуысхъуаг бинонтӕм ӕмӕ нӕ республикӕйы социалон тӕссаг ӕмбӕстӕгтӕм", - бахахх кодта Наниты Игорь.

Афтӕ ма министр бахӕс кодта фыссын ДИФ-ты фӕндагон змӕлды фӕткхӕлдтӕ, фӕндагон-транспортон цаутӕ ӕмӕ фӕткхалджыты тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0