Хуссар Иры президент ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй нефтебазӕйы сӕргълӕууӕджы

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæӔртаджы станц
Ӕртаджы станц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг бафыста барамынд, цӕмӕй ссӕрибар кӕной йӕ бынатӕй Паддзахадон унитарон куыстуаты сӕргълӕууӕджы, кӕцыйы фӕдыл раздӕр бакодтой уголовон хъуыддаг

ЦХИНВАЛ, 12 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй паддзахадон унитарон куыстуат "Югосетнефтепродукт"-ы директор Тыджыты Владимиры, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

 Роснефть - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы райдыдтой аразын "Роснефть"-ы ӕртаджы станц

"Ссӕрибар кӕнын Тыджыты Владимиры паддзахадон унитарон куыстуат "Югосетнефтепродукт"-ы директоры бынатӕй", - дзырдӕуы барамынды.

Тыджыты Владимир уыд куыстуаты номиналон сӕргълӕууӕг – экономикӕйы министр 2017 азы уалдзӕджы снысан кодта Джыгкайты Сосланы "Югосетнефтепродукт"-ы директоры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй. Уыцы аз майы Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет бакодта уголовон хъуыддаг Тыджыты Владимиры фӕдыл. Куыстуаты сӕргълӕууӕджы уӕд сбадын кодтой ахӕстоны дыууӕ мӕймӕ.

"Югосетнефтепродукт" 2014 азӕй фӕстӕмӕ у нефтепродуктты официалон импортер паддзахадон куыстуат ӕмӕ компани "Роснефть"-имӕ бадзырдмӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0