Хор ӕмӕ оркестр: Культурӕйы министрад хоны гом концертмӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваАдӕмон инструментты оркестр "Айзæлд"
Адӕмон инструментты оркестр Айзæлд  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзал ацӕудзӕн Киноконцертон зал "Чермен"-ы

ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ацӕудзӕн Адӕмон инструментты оркестр "Айзæлд" ӕмӕ Паддзахадон ансамбль "Симд"-ы хоры гом концерт. Культурон мадзал суыдзӕн дыууӕ сфӕлдыстадон къордӕн сӕ фыццаг иумæйаг концерт ацы аз, фехъусын кодтой Sputnik культурӕйы министрады пресс-службӕйы.

"Мадзал уыдзӕн цыппӕрӕмы, 14 марты. Концерт цӕуы гом режимы, ӕнӕаргъӕй. Сценӕйы айзӕлдзысты ирон ӕмӕ фӕсарӕйнаг композиторы зарджытӕ", - загътой пресс-службӕ.

Адӕмон инструментты оркестр "Айзæлд" ӕмӕ Паддзахадон ансамбль "Симд"-ы хоры иумӕйаг гом концерт ацӕудзӕн Киноконцертон зал "Чермены".

Адæмон инструментты хуссарирыстойнаг оркестр "Айзæлд"-ӕн разамынад дӕтты Хуссар Иры сгуыхт артисткӕ Уалыты Нина.

Ног хабӕртты лентӕ
0