Ивар бафид науӕд радт бартӕ: Хуссар Иры ӕруынаффӕ кодтой фӕндагон фӕтк фехалыны санкцитыл

© Пресс-служба МВД РЮО Хуссар Иры ӕруынаффӕ кодтой фӕндагон фӕтк фехалыны санкцитыл
Хуссар Иры ӕруынаффӕ кодтой фӕндагон фӕтк фехалыны санкцитыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног законы проект здӕхт у фӕндагон змӕлды фӕтк фехалджыты ныхмӕ тохмӕ

ЦХИНВАЛ, 15 мар - Sputnik. Хуссар Иры парламенты ӕнхъарынц фӕндагон змӕлд фехалджыты ныхмӕ фӕкарздӕр кӕнын административон ӕмӕ уголовон бӕрндзинад. Ӕмбӕлон законы проектыл ӕруынаффӕ кодтой законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитеты, хъусын кӕны закондӕттӕг органы пресс-служба.

Паддзахадон автоинспекцийы хистӕр Джиоты Алан банысан кодта, законы проектмӕ гӕсгӕ, фӕндагон фӕтк фехалджытӕн сӕ скъӕрыны бартӕ ист цӕдзысты цалынмӕ ивар бафидой, уӕдмӕ.

"Административон фыдракӕнд ӕруадзыны рӕстӕджы шофырӕн ист цӕуынц йӕ скъӕрыны бартӕ ӕмӕ сын лӕвӕрд цӕуы рӕстӕгмӕ документ, цалынмӕ йӕ ивар бафида, уӕдмӕ", - загъта уый.

Амӕй размӕ законы проектыл бакуыстой республикӕйы МХМ фӕндагон змӕлды фӕткы фадыджы административон ӕмӕ уголовон фыдракӕндтӕй бахизын ӕмӕ ма руадзыны тыххӕй. Депутаттӕ рахастой уынаффӕ фарст рахӕссын парламенты президиумы ӕркастмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0