ХИПУ-йы студенткӕ хайад исы Цӕгат Иры вокалон конкурсы

© Из архива Любови ДжиоевойДжиоты Любовь
Джиоты Любовь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джиоты Люба конкурс "АЗАР МА"-йы ӕвзарӕн этапы сӕххӕст кодта дыууӕ композици ирон ӕмӕ англисаг ӕвзӕгтыл ӕмӕ ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы жюрийы скъуыддзагмӕ

ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенткӕ Джиоты Люба архайы Цӕгат Ирыстоны национ телеуынынад "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон конкурс "АЗАР МА"-йы. Хуссарӕй иунӕг архайӕг ӕвзарӕн туры сӕххӕст кодта зарджытӕ англисаг ӕмӕ ирон ӕвзӕгтыл.

Вокалон телеуынынадон проект "АЗАР МА"-йы аразджытӕ сӕ разы ӕвӕрынц хӕс сбӕлвырд кӕнын Ирыстоны рӕсугъддӕр хъӕлӕс.

"ЮОГУ-ТВ" ӕмгуыст кӕны телеканал "Осетия-Ирыстон"-имӕ ӕмӕ сӕ фарсыл фембӕлдтӕн конкурсы тыххӕй хъусинагыл. Ме ʻмбӕлттӕ мӕ нал ныууагътой ӕмӕ мын арвитын кодтой бавдыст. 16 марты хайад райстон кастингы, фӕлӕ дзы нырма бӕрӕг нӕ базыдтон", - загъта Sputnik йӕхӕдӕг Джиоты Люба.

Хъодалаты Мария  - Sputnik Хуссар Ирыстон
ВИА "А вдруг": рӕсугъд чызджытӕ, ирон зарджытӕ ӕмӕ фидӕны концерттӕ

Уый "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон конкурс "АЗАР МА"-йы сӕххӕст кодта дыууӕ композици ирон ӕмӕ англисаг ӕвзӕгтыл ӕмӕ ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы жюрийы скъуыддзагмӕ.

"Азарыдтӕн англисаг ӕвзагыл рэп, уый уадиссаг сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, стӕй сӕхӕдӕг ӕрдомтой ирон зарӕг. Сӕххӕст сын кодтон ХИПУ ансамбль "А вдруг"-ы солисткӕ Хъодалаты Марияйы зарӕг "Мӕсыг", уый райстой хуыздӕр", - бафтыдта зарӕггӕнӕг.

Вокалон телепроект "АЗАР МА"-йы аразӕг у телекомпани "Осетия-Ирыстон". Бацархайыны бар дзы ис куыд фæлтæрдджын, афтæ хæдахуыр зарæггæнджытæн.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0