Цхинвалы йе ʻнусон бынатмӕ афӕндараст кодтой Гӕбӕраты Неллийы

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы йе ʻнусон бынатмӕ афӕндараст кодтой Гӕбӕраты Неллийы
Цхинвалы йе ʻнусон бынатмӕ афӕндараст кодтой Гӕбӕраты Неллийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырдзаутӕ, политиктӕ, ӕхсӕнад ӕмӕ сфӕлдыстадон интеллигенцийы минӕвӕрттӕ ӕрбацыдысты хъӕлдзӕг, ирд ӕмӕ цардуарзӕг сылгоймагӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ

ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы йе ʻнусон бынатмӕ афӕндараст кодтой адӕмон къамисӕг, Колыты Аксойы номыл аивӕдты лицейы ахуыргӕнӕг Гӕбӕраты Неллийы. Сталины уынгыл бирӕуӕладзыгон хӕдзары кӕрты, цы ран цард зындгонд сылгоймаг, азмӕлӕн нал уыд адӕм ӕмӕ дидинтӕй.

Сӕдӕгай адӕймӕгтӕ – ахуырдзаутӕ, политиктӕ, ӕхсӕнад ӕмӕ сфӕлдыстадон интеллигенцийы минӕвӕрттӕ ӕрбацыдысты хъӕлдзӕг, ирд ӕмӕ цардуарзӕг сылгоймагӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ.

Гӕбӕраты Нелли - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта Гӕбӕраты Неллийы мӕлӕты фӕстӕ

Ахуыргӕнӕг ӕмӕ къамисӕджы ирд цард ӕмӕ сгуыхтдзинӕдтыл дзырдтой мыггаджы ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, бакастысты Гӕбӕраты Неллийӕн нывонд ӕмдзӕвгӕтӕ.

Хуссар Ирыстоны ахӕм адӕймаг нӕ баззад, кӕцы нӕ зыдта Неллийы. Дӕс азы дӕргъы Нелли социалон хызӕгты ныммыхуыр кодта мингай къамтӕ. Йӕ куыстытӕ уыдысты Хуссар Иры ӕппӕт конкурсты уӕлахиздзауты нымӕцы. Ӕппӕт нысаниуӕгджын мадзӕлттӕм уый хӕццӕ кодта профессионалон журналисттӕй ӕмӕ фотографтӕй раздӕр.

Гӕбӕраты Нелли - Sputnik Хуссар Ирыстон
Йӕ цардӕй ахицӕн адӕмон къамисӕг Гӕбӕраты Нелли

Йӕ чысыл нывисӕнимӕ Неллийы фенӕн уыдис горӕты куыд сӕумӕрайсом, афтӕ талынгты дӕр. Цхинвайлаг нывисӕджы цӕстӕнгасӕй сӕ райгуырӕн зӕххыл цы ивындзинӕдтӕ цӕуы, уыдон уыдтой Хуссар Иры бынӕттон цӕрджытӕ ӕмӕ ардыгӕй ацӕугӕ адӕм дӕр.

Адӕмон къамисӕг йӕ цардӕй ахицӕн хуыцаубоны 62 азы кары. Баззад ын чызг ӕмӕ зӕнӕджы зӕнӕг. Гӕбӕраты Неллийы бавӕрдтой Згъудеры уӕлмӕрды.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы йе ʻнусон бынатмӕ афӕндараст кодтой Гӕбӕраты Неллийы
Цхинвалы йе ʻнусон бынатмӕ афӕндараст кодтой Гӕбӕраты Неллийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы йе ʻнусон бынатмӕ афӕндараст кодтой Гӕбӕраты Неллийы
Ног хабӕртты лентӕ
0