Хуссарирыстойнаг ахуырдзаутӕ хайад райстой кавказаг олимпиадӕйы математикӕйӕ

Рафыссын
IV-ӕм кавказаг олимпиадӕйы математикӕйӕ хайад райстой 140 ахуырдзау Уӕрӕсейы 15 регионӕй ӕмӕ 10 фӕсарӕйнаг бӕстӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны гимнази "Альбион"-ы ахуырдзаутӕ дыууӕйӕ – Кокойты Мария ӕмӕ Биазырты Алан хайад райстой IV-ӕм кавказаг олимпиадӕйы математикӕйӕ. Нӕ минӕвӕрттӕ куыд сӕххӕст кодтой сӕ хӕслӕвӕрдтӕ, уый фӕбӕрӕг уыдзӕн фӕстӕдӕр, фехъусын кодта Sputnik ХИПУ-йы математикӕ ӕмӕ физикӕйы кафедрайы ахуыргӕнӕг Бесаты Зӕринӕ.

Дӕ бон хорз, Уӕрӕсе!: Хуссар Иры скъоладзаутӕ уыдысты Петербурджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Дӕ бон хорз, Уӕрӕсе!": Хуссар Иры скъоладзаутӕ уыдысты Петербурджы

IV-ӕм кавказаг олимпиадӕйы математикӕйӕ хайад райстой 140 ахуырдзау Уӕрӕсейы 15 регионӕй ӕмӕ 10 фӕсарӕйнаг бӕстӕйӕ. Мадзал ӕрфысым кодта Адыгей.

"Гимнази "Альбион"-ы ахуырдзаутӕ – Кокойты Мария ӕмӕ Биазырты Алан хайад райстой мадзалы. Цӕмӕй кавказаг олимпиадӕйы уӕнг суай, уый тыххӕй хъуамӕ ахуырдзау уымӕй размӕ хайад райса ӕндӕр уӕрӕсейаг олимпиадӕты. Биазырты Алан ныр дыууӕ азы ӕнтыстджынӕй архайы олимпиадӕ "Звезда"-йы, ӕз афтӕ хъуыды кӕнын чызг та расгуыхт бынӕттон олимпиадӕты", - загъта уый.

ХИПУ-йы минӕвар ма банысан кодта, хуссарирыстойнаг ахурыдзаутӕ куыд сӕххӕст кодтой сӕ хӕслӕвӕрдтӕ, уый фӕбӕрӕг уыдзӕн фӕстӕдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0