Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ фембӕлдысты арӕныл

© Sputnik / Михаил ХасиевИӔАМ Хуссар Ирыстон
ИӔАМ Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фарсытӕ ӕрдзурдзысты инциденттыл, кӕцытӕ ӕрцыдысты раздӕры фембӕлдӕй фӕстӕмӕ

ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Ацы аз фыццаг фембӕлд инциденттæ ма 'руадзыны æмæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты (ИӔАМ) форматы райдыдта майрӕмбоны райсом Эргнеты хъӕуы районы.

Женеваг дискусситы минӕвӕртты фембӕлд Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгадимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирмӕ ӕрцыдысты ОБСЕ, ЕЦ ӕмӕ ИНО минӕвӕрттӕ

Боны фӕткы актуалон фарстты ӕхсӕн ис ӕдасдзинад арӕнгӕрон районты, сӕйраджыдӕр, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн паддзахадон арӕн фехалыны цаутӕ.

ИӔАМ форматы фӕстаг раунд ацыд февралы. Уӕд Хуссар Ирыстоны делегаци Коцты Егоры сӕргълӕудӕй ӕрныхас кодта гуырдзиаг ДИФ-ты дезинформаци парахат кӕныныл цауты тыххӕй, кӕцытӕ цӕуынц Хуссар Ирыстоны.

ИӔАМ-ы форматы фембӕлдтӕ уадзынц иудадзыгӕй 2009 азӕй фӕстӕмӕ. Уыдоны хайад исынц Хуссар Ирыстоны, Уӕрӕсейы ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ, ӕмӕ сӕ уадзынц ОБСЕ ӕмӕ Евроцӕдисы ӕххуысӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0