Кадеттӕ Хуссар Ирӕй ацыдысты ӕппӕтуӕрӕсейон рӕвдзытӕм

© Sputnik / Вадим ШекунКадеттӕ
Кадеттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кадеттӕ сӕвӕрдзысты дидинджытӕ Ӕбӕрӕг Солдаты Ингӕнмӕ Мӕскуыйы ӕмӕ хайад райсдзысты рӕвдзыты культурон программӕйы

ЦХИНВАЛ, 26 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады кадетты скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ хайад райсдзысты кадетты скъолаты ӕппӕтуӕрӕсейон рӕвдзыты, кӕцытӕ ацӕудзысты Мӕскуыйы дыццӕгӕй сабатмӕ, хъусын кӕны хъахъхъӕнынадон уагдоны пресс-службӕ.

Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тынг хорз: РХИ парламенты спикер уӕрӕсейаг депутаты хъӕппӕрисы тыххӕй

Делегаци хайад райсдзӕн Ӕбӕрӕг Солдаты Ингӕнмӕ дидинджытӕ сӕвӕрыны церемонийы ӕмӕ иумӕйаг бӕрӕгбонон ралӕуды Кремлы цур фӕзуатыл. Кадеттӕ бацӕудзысты музейтӕм ӕмӕ ӕфсӕддон хайадтӕм, хайад райсдзысты конкурстӕ ӕмӕ спортивон ерысты.

Рӕвдзыты хатдзӕгтӕ фехъусын кӕндзысты 30 марты.

Хъахъхъӕнынады министрады банысан кодтой, кадетты скъола бирӕ хатт кӕй иста хайад кадетон скъолаты рӕвдзыты. Скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ алыхатт дӕр райсынц призон бынӕттӕ конкурстӕ ӕмӕ спортивон ерысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0