Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕгмӕ ссардтой дыууӕ хӕцӕнгарз ӕмӕ нӕмгуытӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры хъӕуы цӕрӕгмӕ ссардтой дыууӕ хӕцӕнгарз ӕмӕ нӕмгуытӕ
Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕгмӕ ссардтой дыууӕ хӕцӕнгарз ӕмӕ нӕмгуытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕдагуырды хайады кусджытӕ бакодтой фыдгӕнӕджы фӕдыл уголовон хъуыддаг

ЦХИНВАЛ, 26 мар - Sputnik. Милицийы кусджытӕ ӕрцахстой Дзауы районы 33-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта хӕцӕнгарз ӕнӕзаконон ӕвӕрыны фӕдыл, хъусын кӕны Хуссар ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой ӕмӕ байстой "Калашников"-ы автомат, цуаноны хӕцӕнгарз ӕмӕ цыппар сӕдӕ нӕмыгӕй фылдӕр", - дзырдӕуы хъусинаджы.

© МВД РЮОКалашниковы автомат
Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕгмӕ ссардтой дыууӕ хӕцӕнгарз ӕмӕ нӕмгуытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Калашниковы автомат

МХМ фӕдагуырды хайад бакодта уголовон хъуыддаг "хӕцӕнгарз ӕнӕзаконон ӕлхӕнын, адӕттын, ӕвӕрын, хӕссын ӕмӕ ласыны фӕдыл" статьямӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0