Мӕскуыйы ӕрдзырдтой Хуссар Иры студентты ахуырыл Дипломатон академийы

© Пресс-служба посольства РЮО в РФХуссар Ирыстоны минӕвар Гасситы Знауыр ӕмӕ Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады Дипломатон академийы ректор Михаил Троянскийы фембӕлд
Хуссар Ирыстоны минӕвар Гасситы Знауыр ӕмӕ Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады Дипломатон академийы ректор Михаил Троянскийы фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны минӕвар ӕрдзырдта студенттӕ ӕмӕ ФХМ кусджыты ахуырыл академийы ректоримӕ

ЦХИНВАЛ, 29 мар - Sputnik. Мӕскуыйы ацыд Хуссар Ирыстоны минӕвар Гасситы Знауыр ӕмӕ Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) Дипломатон академийы ректор Михаил Троянскийы фембӕлд, хъусын кӕны минӕварады пресс-службӕ.

"Фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой хуссарирыстойнаг студентты ахуыр ӕмӕ РХИ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады кусджыты квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны курстӕ цӕуыны фарстытыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Гасситы Знауыр раарфӕ кодта Михаил Троянскийӕн Дипломатон академийы ректорӕй йӕ кӕй равзӕрстой, уый тыххӕй. Троянский фидарӕй загъта, Хуссар Ирыстонимӕ ӕмархайд академийы кӕй баххуыс кӕндзӕн сфидар кӕнын ӕмгуыстад дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0