Хуссар Иры паддзахадон службӕгӕнджыты статус сфидар кӕндзысты законӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйӕн актуалон законы проект саразынӕн ӕххуыс кӕны Уӕрӕсейы Фӕллойады министрад

ЦХИНВАЛ, 29 мар – Sputnik. Паддзахадон службӕгӕнджыты фӕдыл закон ӕнӕмӕнг хъӕуы райсын, фехъусын кодта Пухаты Эрикы ныхӕстӕ хицауады пресс-службӕ.

"Абоны бон паддзахадон службӕгӕнӕджы статус фидаргонд нӕу Республикӕ Хуссар Ирыстоны никӕцы законы. Паддзахадон органты кусджытӕ, куыд ӕндӕр организациты кусджытӕ, афтӕ архайынц РХИ Фӕллойадон кодексмӕ гӕсгӕ, уый юридикон цӕстӕнгасмӕ гӕсгӕ раст нӕу", - загъта Пухаты Эрик Хуссар Ирыстоны хицауады рабадтыл.

Хицауады сӕрдар бахахх кодта, зӕгъгӕ, ацы фарсты фӕдыл хъӕуы райсын закон, кӕцы дзуапп кӕндзӕн РХИ паддзахадон-барадон арӕзтады хицӕндзинӕдтӕн.

Коцты Жанна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламентон комитеты сӕрдар рахызт парти "Иугонд Ирыстон"-ӕй

"Фӕлӕ законы хъӕуы финансон фӕрӕзтӕ. Уый фӕдыл Бибылты Анатолий бадзырдта уӕрӕсейаг коллегӕтӕм. Ныртӕккӕ фарст ис ӕркасты стадийыл Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕллойады министрадимӕ", - банысан кодта Пухаты Эрик.

Законы проект здӕхт у квалификацигонд кадрты паддзахадон организацитӕм ӕрбаздахын, паддзахадон службӕгӕнджыты профессионалон райрӕзты системӕ фӕхуыздӕр кӕнын ӕмӕ паддзахадон службӕйы хӕдбардзинад сӕххӕст кӕнынымӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0