Цхинвалы ӕрдзырдтой Хуссар Иры парламенты фӕдыл законыл

© Sputnik / Алексей КовалевХуссар Ирыстоны парламент
Хуссар Ирыстоны парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Законы проектмӕ ӕркастысты республикӕйы закондӕттӕг органы президиумы уӕнгтӕ

ЦХИНВАЛ, 29 мар -  Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент майрӕмбоны ӕркаст парламенты фӕдыл законмӕ. Законы проектыл ныхас кӕнын райдыдтой президиумы рабадты рӕстӕджы, кӕцы ацыд цыппӕрӕмы.

Президиумы абоны рабадтыл депутат Бесаты Зита фехъусын кодта, законы райст ахсджиаг кӕй нӕу, уый тыххӕй ӕмӕ фӕлхаты Конституци ӕмӕ депутаты статусы фӕдыл законы пункттӕ.

"Ӕз хъуыды кӕнын, мах ахӕм закон кӕй нӕ хъӕуы. Парламенты куысты уаг бӕрӕг кӕны Конституци, депутатты статусы фӕдыл ис ӕмбӕлгӕ закон, процедурон моменттӕ та бӕрӕг кӕны парламенты регламент", - загъта Бесаты Зита.

Афтӕ ма депутат йӕ цӕст ӕрдардта фиппаинӕгтӕм ӕмӕ банысан кодта, Конституцийы фӕдыл цӕстдард кӕй нӕу парламенты ӕххӕстбар, уый у Конституцион тӕрхондоны пророгативӕ.

Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры паддзахадон службӕгӕнджыты статус сфидар кӕндзысты законӕй

Афтӕ ма депутат бахахх кодта, парламенты ауагъды процедурӕ дӕр фыст кӕй ис Конституцийы, ивындзинӕдтӕ хъӕуы бахӕссын ӕрмӕст депутаты статусы фӕдыл законмӕ.

Бесаты Зита банхъардта сисын фарст боны фӕткӕй.

Парламенты законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитеты сӕрдар Тедеты Нона, кӕцы рахаста фарст ӕркастмӕ, банысан кодта, Бесаты Зита кӕй у ацы комитеты уӕнг ӕмӕ йын фадат уыд рабадтты рӕстӕджы зӕгъын йӕ хъуыды.

Спикер Гасситы Петр ӕрлӕууын кодта баныхас ӕмӕ банхъардта схъӕлӕс кӕнын, цӕмӕй проект рахӕссой ӕркастмӕ сессийыл, кӕцыйы рабадт ацӕудзӕн абон.

Ног хабӕртты лентӕ
0