Хуссар Иры ПӔК: арӕнсӕтджыты нымӕц фӕфылдӕр ис марты

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн
Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууӕ фыдгӕнӕджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддӕгтӕ, 30 адӕймаджы та фӕивар кодтой

ЦХИНВАЛ, 3 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны алыгъуызон хӕйттыл марты ӕрцахстой 46 арӕнсӕттӕджы, фехъусын кодтой республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК). Февралы арӕнсӕтджыты нымӕц уыд 31.

Арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæивтой Гуырдзыстонимæ арæны сæрты хизыны фæтк

Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты бафтыдтой, зӕгъгӕ, 13 ӕмбӕстаджы фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, 33 та арӕнгӕрон режим.

Арӕнсӕтджыты фӕдыл ауагътой равзӕрсттӕ, кӕцыты фӕстиуӕгӕн 30 адӕймаджы фӕивар кодтой, ӕртӕ ӕмбӕстаджы фӕивар кодтой ӕмӕ сӕ арвыстой Хуссар Ирыстоны территорийӕ, дыууӕйы та арвыстой республикӕйы территорийӕ ӕнӕ ивар бафидынӕй. Ноджы ма 9 арӕнсӕттӕджы бафӕдзӕхстой, дыууӕйы фӕдыл та бакодтой уголовон хъуыддӕгтӕ, бафтыдтой ПӔК.

"Иумӕйагӕй арӕнсӕтджытӕ бафыстой паддзахадон бюджетмӕ 84 мин сомы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

ПӔК-ы ма фехъусын кодтой, республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн семӕ хъуамӕ уа паспорт, кӕнӕ паспорты ксерокопи, арӕнгӕрон зонӕмӕ куы цӕуой, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0