Цыппар фӕзуат: Цхинвалы арӕзт цӕуы социалон объект

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæФӕзуат
Фӕзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортивон скъолайы фæсчъылдым фӕзуат сыгъдӕг ӕрцыд быронӕй, фӕстӕдӕр уым фӕзындзӕн спортивон ӕмӕ улӕфӕн зонӕтӕ

ЦХИНВАЛ, 4 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сӕйраг сахары фӕзындзӕн ног хӕрзарӕзт улӕфӕн зонӕ спортивон фӕзуаттимӕ. Спорты скъолайы цур 600 квадратон метры рохуатыуагъд тыгъдад суыдзӕн Цхинвалы рӕсугъддӕр бынӕттӕй иу, фехъусын кодта Sputnik сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгӕтты республикон комплексон спортивон скъолайы директор Бибылты Руслан.

Спортивон скъолайы фæсчъылдым фарс фӕзындзӕн цалдӕр фӕзуат ӕмӕ улӕфӕн бынат. Фидӕны хӕрзарӕзт бынат ӕрцыд сыгъдӕг.

"Фӕзуат бафснайдтам, аластам 120 камазы арӕзтадон бырон. Ам хъуамӕ фӕзына футболы, волейболы, баскетболы ӕмӕ стыр теннисы фӕзуаттӕ, сӕвӕрдзыстӕм дзы бандӕттӕ, асинтӕ кӕндзысты горӕты цадмӕ ӕмӕ ацы тыгъдад уыдзӕн улӕфӕн зонӕйы дарддæрдзу", - загъта директор.

В Цхинвале открывали спортивную площадку Work­Out - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг хатт Хуссар Иры: Цхинвалы æрбайгом кодтой спортивон фæзуат WorkOut

Уый ма банысан кодта, ныридӕгӕн скъуыддзаг цӕуы арӕзтады финансон фарст.

"Хицауады ӕххуысӕй хъавӕм саразын ацы ногдзинӕдтӕ, ныридӕгӕн фарста скъуыддзаг цӕуы, уый фӕстӕ бавналдзыстӕм куыстмӕ. Нывӕзтмӕ гӕсгӕ ма дзы хъуамӕ уа уынгон тренажертӕ – ацы къуым канд профессионалон спортсментӕн нӕ уыдзӕн, фӕлӕ ма цӕрджытӕн дӕр", - загъта Бибылты Руслан.

Ног хабӕртты лентӕ
0