ЦХИНВАЛ, 15 апр - Sputnik. Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады цытджын хъарагъулы ротӕ сӕххӕст кодта марш-бросок, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Ӕфсӕддонтӕ ӕххӕст кӕнынц алыгъуызон дистанцитӕм марш-бросоктӕ къуыри иу хатт. Тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц ӕфсӕддон формӕйы автоматтимӕ. Марш-бросок ӕххӕст цӕуы, цӕмӕй фӕхуыздар уа ӕфсӕддонты физикон цӕттӕкӕнынад", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Афтӕ ма цытджын хъарагъулы ротӕйы ӕфсӕддонтӕ хуыздӕр кӕнынц сӕ физикон цӕттӕкӕнынад ӕмӕ ӕхсыны бӕрӕггӕнӕнтӕ. Физикон цӕттӕкӕнынады тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц сӕрмагонд тренировкӕ кӕнӕн залы хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон горӕты ӕмӕ столицӕйы стадионты.