Стыр ӕнтыст: Уӕрӕсейы МХМ делегаци ӕрцыд Хуссар Ирмӕ

© МВД РЮОУӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрады делегаци ӕрцыд Хуссар Ирмӕ
Уӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрады делегаци ӕрцыд Хуссар Ирмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фембӕлды рӕстӕджы фарсытӕ ӕрдзырдтой дарддӕры ӕмгуыстады приоритетон здӕхттыл

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik. Уӕрӕсейы барадахъахъхъӕнӕг уагдоны алыгъуызон департаментты минӕвӕрттӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ кусӕгон балцы. Уазджытӕ фембӕлдысты сӕ хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕной практикон ӕххуыс уагдонӕн, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр, милицийы инӕлар-майор Наниты Игорь банысан кодта, фембӕлды рӕстӕджы кӕй ӕрдзырдтой дарддӕры ӕмгуыстадыл дыууӕ уагдоны ӕхсӕн бадзырды фӕлгӕтты. Наниты Игорь бафтыдта, зӕгъгӕ, сӕйраг хӕслӕвӕрдтӕ сты фыдракӕндтимӕ тох, ӕхсӕнадон фӕтк ӕмӕ республикӕйы ӕмбӕстӕгты интересты хъахъхъӕнынад.

© МВД РЮОУӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрады делегаци ӕрцыд Хуссар Ирмӕ
Стыр ӕнтыст: Уӕрӕсейы МХМ делегаци ӕрцыд Хуссар Ирмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрады делегаци ӕрцыд Хуссар Ирмӕ

"Нӕ иумӕйаг куысты фӕстиуджытӕ сты Мидхъуыддӕгты министрады кусджыты мыздты фӕфылдӕр ӕмӕ информацион-координацион центры арӕзтад. Ныртӕккӕ центр кусы ӕмӕ ӕмгуыстад кӕны дыууӕ паддзахады барадхъахъхъӕнӕг органтимӕ. Уый у стыр ӕнтыст нӕ министрадтӕн", - загъта Наниты Игорь.

Уӕрӕсейаг барадхъахъхъӕнджытӕ уыдысты Цхинвалы фарон аз декабры ӕмӕ хайад райстой ИКЦ-ы баконды.

Уӕрӕсейы МХМ делегацийы сӕргълӕууӕг, мидхъуыддӕгты службӕйы булкъон Обеременко Вадим банысан кодта, уагдӕтты ӕхсӕн ӕмгуыстадӕн кӕй ис хорз фӕстиуджытӕ.

Наниты Игорь радта уӕрӕсейаг барадхъахъхъӕнджытӕн уагдонон хорзӕхтӕ ӕмӕ сын загъта бузныг пайдаджын куысты тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0