Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Башар Асадӕн Сирийы Хӕдбардзинады боны цытӕн

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий раарфӕ кодта Башар Асадӕн Сирийы Хӕдбардзинады боны цытӕн
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Башар Асадӕн Сирийы Хӕдбардзинады боны цытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сири ӕртыццӕджы нысан кӕны йӕ хӕдбардзинадыл 73 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон, ацы цауы фӕдыл бӕстӕйы лидерӕн раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны президент

ЦХИНВАЛ, 17 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта йӕ сириаг коллегӕ Башар Асадӕн Сирийы Хӕдбардзинады боны цытӕн ӕмӕ загъта бузныг Дамаскӕн республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны тыххӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"1946 азы 17 апрель у нысаниуӕгджын датӕ сириаг адӕмы историйы, паддзахады райрӕзты ахсджиаг этап. Ацы бон ссис Сирийы адӕмы иудзинады символ", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг банысан кодта, Башар Асады къухдариуӕгады бын Сирийӕн бантыст хорз фӕстиуджытӕ паддзаады хӕдбардзинад бахъахъхъӕныны хъуыддаджы.

ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хорз ӕнтыст: ХИПУ райста ахуыр кӕнынмӕ студентты Сирийӕ

"Ирыстоны адӕм алыхатт дӕр хъуыды кӕндзысты ӕххуыс, кӕцы сӕххӕст кодта Сириаг Арабаг Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад куы банымадта, уӕд", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Сири банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад 2018 азы майы. Сирийы кусӕгон балцы уыд президент Бибылты Анатолий, бӕстӕтӕ сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ ӕмӕ бафыстой цалдӕр бадзырды.

Ног хабӕртты лентӕ
0