Хуссар Ир ӕмӕ Хъырым бадзырдтой ӕмгуыстадыл

© Пресс-служба президента РЮОХъырым ӕмӕ Хуссар Ирыстон бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд
Хъырым ӕмӕ Хуссар Ирыстон бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ялтайы ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы фӕлгӕтты бадзырд бафыстой Хъырымы сӕргълӕууӕг Сергей Аксенов ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 18 апр - Sputnik. Хъырым ӕмӕ Хуссар Ирыстон бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд. Уый уыд фыццаг документ, кӕцы бафыстой Ялтайы форумы, хъусын кӕны РХИ президенты пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны делегаци президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй ӕрцыд Хъырыммӕ Ялтайы ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы хайад райсынмӕ. Цыппӕрӕмы Бибылты Анатолий фембӕлд Хъырымы сӕргълӕууӕг Сергей Аксеновимӕ, уый фӕстӕ уыдон бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд.

© Пресс-служба президента РЮОХъырым ӕмӕ Хуссар Ирыстон бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд
Хуссар Ир ӕмӕ Хъырым бадзырдтой ӕмгуыстадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъырым ӕмӕ Хуссар Ирыстон бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

Афтӕ ма фарсытӕ бафыстой мадзӕлтты нывӕзт, цӕмӕй среализаци кӕной бадзырд 2019-2022 ӕзты.

Документмӕ гӕсгӕ сараздзысты уавӕртӕ дыууӕварсон бастдзинӕдты райрӕзтӕн экономикӕйы алыгъуызон фадгуыты. Афтӕ ма райтынг кӕндзысты ӕмгуыстад туризм ӕмӕ спорты фадыджы дӕр.

© Пресс-служба президента РЮОХъырым ӕмӕ Хуссар Ирыстон бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд
Хуссар Ир ӕмӕ Хъырым бадзырдтой ӕмгуыстадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъырым ӕмӕ Хуссар Ирыстон бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

Делегацийы сконды сты республикӕйы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Бекъойты Геннадий, ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий, Цхинвалы администрацийы сӕргълӕууӕг Коцты Алан ӕмӕ базарадон-сӕудӕджерадон палатӕйы сӕрдар Ӕлборты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0