Хуссар Иры столицӕйы ӕрӕхгӕндзысты транспорты змӕлд

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы централон уынгты фӕндагон змӕлд рӕстӕгмӕ ӕрӕхгӕндзысты майрӕмбоны, 19 апрелы

ЦХИНВАЛ, 19 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны ӕрӕхгӕндзысты транспорты змӕлд Уӕрӕсейы Федерацийы хицауады делегацийы балцы тыххӕй республикӕмӕ. Арӕнӕвӕрд кусдзӕн 11.00 сахатӕй 20.00 сахатмӕ майрӕмбоны, 19 апрелы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Фӕндагон змӕлд ӕрӕхгӕндзысты цалдӕр уынгыл: 11.00 сахатӕй 13.00 сахатмӕ: Джиоты Аланы проспект – Мӕскуыйаг уынгӕй Гӕззаты Вадимы уынджы онг. 13.00 сахатӕй 15.00 сахатмӕ: Мӕскуыйаг уынг – Сталины уынгӕй Октябры уынджы онг, Джиоты Аланы проспект – Хъоцыты Къостайы уынгӕй Мӕскуыйагмӕ. 11.00 сахатӕй 20.00 сахатмӕ: Сталины уынг – Пушкины уынгӕй Абайты Васойы уынджы онг, Тугъанты Махарбег ӕмӕ Хетӕгкаты Къостайы уынджы алвӕндаг", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, майрӕмбоны Цхинвалы кӕй ацӕудзӕн Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадт, кӕцыйӕн къухдариуӕгад кӕндзысты Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауады вице-премьер Виталий Мутко.

Ног хабӕртты лентӕ
0