Майы улӕфтытӕ: Хуссар Иры дыууӕ хатты баулӕфдзысты цалдӕргай бонтӕ

© Sputnik / Наталья АйриянМайы улӕфтытӕ: Хуссар Иры дыууӕ хатты баулӕфдзысты цылдӕргай бонтӕ
Майы улӕфтытӕ: Хуссар Иры дыууӕ хатты баулӕфдзысты цылдӕргай бонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады сфидар кодтой улӕфт бонты фӕтк Уӕлахиз ӕмӕ Уалдзӕг ӕмӕ Фӕллойгӕнджыты бонты фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 22 апр - Sputnik. Дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц республикӕйы цӕрджытӕм 1-ӕй 5-ӕм маймӕ ӕмӕ 9-ӕй 12-ӕм маймӕ, фехъусын кодтой республикӕйы хицауады.

Ӕхсӕнадӕмон сылгоймӕгты бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры уыдзысты дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ

Бӕрӕгбонты ахӕссыны фӕдыл ӕххӕстгӕнӕг органы уынаффӕмӕ гӕсгӕ фӕндзӕм ӕмӕ ӕхсӕзӕм январы ӕнцойы бонтӕ рахастой дыккӕгӕм ӕмӕ ӕртыккӕгӕм маймӕ. Бӕрӕгбонон 23 февраль, кӕцы ӕрхауд сабатмӕ ахастой 10-ӕм маймӕ.

Уый хыгъд уалдзӕг ӕмӕ фӕллойы бонты тыххӕй улӕфдзысты фондз боны, Уӕлахизы боны цытӕн улӕфтытӕ та ахӕсдзысты цыппар боны.

Ног хабӕртты лентӕ
0