Коммунисты фӕдонтӕ: фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу

© Фото из архива Бежановой МананыФӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу
Фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тасойты Иналы (Коммунист) номыл ногдзауты къорд бафснайдтой Цхинвалы мемориалон уӕлмӕрд ӕмӕ 90-ӕм азты хӕсты хъайтары кӕрты ныссагътой дидинты "мысӕн клумба"

ЦХИНВАЛ, 23 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фӕндзӕм скъолайы Хуссар Иры Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтар Тасойты Иналы (Коммунист) номыл ногдзауты къорд бафснайдта скъолайы кӕрты мемориалон уӕлмӕрд дыццӕджы. Фӕсивӕды къорд ӕрӕмных кодтой сӕ ӕфснайӕн акци зӕххы бонмӕ, фехъусын кодта Sputnik къорды разамонӕг Бежанты Манана.

Ирыстоны хъайтар Тасойты Иналы хӕдзарыл бакодтой мемориалон фӕйнӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны хъайтар Тасойты Иналы хӕдзарыл бакодтой мемориалон фӕйнӕг

Ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты хӕсты хъайтар Тасойты Инал (Коммунист) зӕххон цардӕй ӕвзонгӕй ахицӕн, фӕлӕ йӕхицӕн скодта ӕнусон ном. Цхинвалы цы уынгыл цард, уый хӕссы йӕ ном. Йӕ хӕдзарыл та йын 2016 азы бакодтой мемориалон фӕйнӕг йӕ хуызистимӕ. Уый активон хайад иста райгуырӕн бӕстӕ гуырдзиаг фашисттӕй бахъахъхъӕныны хъуыддаджы. 1991 азы цыппурсы Гуырдзыстоны ӕфсад куы ӕрбабырстой Цхинвалмӕ, уӕд уыцы тохты Коммунист ссардта йӕ мӕлӕт, бавӕрдтой йӕ фӕндзӕм скъолайы кӕрты.

© Фото из архива Бежановой МананыФӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу
Коммунисты фӕдонтӕ: фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу

"Махӕн нӕ ногдзауты къорд хӕссы Тасойты Иналы (Коммунист) ном. Архайӕм цӕмӕй Инал цы Ирыстонӕн снывонд кодта йӕ цард, уымӕн аккаг фӕлтӕртӕ схъомыл кӕнӕм. Йӕ ныййарӕг мад ис къорды хъусдарды бын. Ивгъуыд къуыри та сын сӕ хӕдзары раз ныссагътам дидинты "мысӕн клумба", кӕцы дидин калдзӕн фӕззӕгмӕ, абон та бафснайдтам Инал йеʻнусон бынат цы мемориалон уӕлмӕрды ссарда, уый", - загъта ахуыргӕнӕг.

© Фото из архива Бежановой МананыФӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу
Коммунисты фӕдонтӕ: фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу

Уый ма багысан кодта, ахӕм акцитӕй канд зынгхуыст хъайтарты ном нӕ мысынц, фӕлӕ ма рӕзгӕ фӕлтӕрты сӕ хъӕбартырдзинадимӕ зонгӕ кӕнынц, дӕттынц сын патриотикон хъомылад дӕр.

"Мах абон сабыр арвы бын цӕрӕм Коммунист ӕмӕ ӕндӕр хъӕбатыр лӕппуты фӕрцы. Цалынмӕ сын сеʻсуыхтдзинӕдтӕ зоной кӕстӕртӕ, уӕдмӕ уыдон дӕр цӕрдзысты", - бафтыдта уый.

Цхинвалы фӕндзӕм скъолайы Коммунисты номыл ногдзауты къорд конд у 5 – В къласы ахуырдзаутӕй, къухдариуӕгад йын кӕнынц Бежанты Манана ӕмӕ Гӕбӕраты Екатерина.

© Фото из архива Бежанова Манана Фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу
Фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу
© Фото из архива Бежановой МананыФӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу
Фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3

3/3

Ног хабӕртты лентӕ
0