Бибылты Анатолий арӕзтады ӕрмӕджыты заводы директорӕн: сымах хӕссут стыр бӕрн

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий бабӕрӕг кодта арӕзтады ӕрмӕджыты завод Цхинвалы районы
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта арӕзтады ӕрмӕджыты завод Цхинвалы районы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Балцы рӕстӕджы куыстуаты разамонӕг радзырдта президентӕн заводы продукци ӕмӕ кондады бӕрцуаты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 23 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта арӕзтады ӕрмӕджыты завод Цхинвалы районы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Заводы директор Тедеты Сослан радзырдта президентӕн заводы продукци, кондады бӕрцуат ӕмӕ ног фадӕтты тыххӕй.

"Мах аразӕм тротуарон плиткӕ, арӕзтадон блоктӕ, бордюртӕ ӕмӕ ӕндӕр арӕзтадон ӕрмӕджытӕ. Ныртӕккӕ блоктӕ ласӕм Цхинвалы сабидоны арӕзтадмӕ, нӕ бордюртӕй та нын пайда кӕнынц сабидоны цур уынгты хӕрзарӕзтады рӕстӕджы. Афтӕ ма нӕм вӕййы стыр заказтӕ Энергоресурсӕй", - фехъусын кодта Тедеты Сослан.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий бабӕрӕг кодта арӕзтады ӕрмӕджыты завод Цхинвалы районы
Бибылты Анатолий арӕзтады ӕрмӕджыты заводы директорӕн: сымах хӕссут стыр бӕрн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта арӕзтады ӕрмӕджыты завод Цхинвалы районы

Бибылты Анатолий банысан кодта заводы стыр ахсджиагдзинад Инветспрограммӕйы реализацийы.

"Уӕ куыстимӕ баст у Инвестпрограммӕйы объекттыл куыстыты ӕмгъуыд ӕмӕ гъӕд. Сымах хӕссут стыр бӕрн", - бахахх кодта президент.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий бабӕрӕг кодта арӕзтады ӕрмӕджыты завод Цхинвалы районы
Бибылты Анатолий арӕзтады ӕрмӕджыты заводы директорӕн: сымах хӕссут стыр бӕрн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта арӕзтады ӕрмӕджыты завод Цхинвалы районы
Ног хабӕртты лентӕ
0