Хицауады сӕрдар парчы арӕзтады тыххӕй Цхинвалы: мӕгуырау темптӕ

© Sputnik / Наталья Айриян Стыр парк
 Стыр парк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты арӕзт цӕуы Стыр парк

ЦХИНВАЛ, 16 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Пухаты Эрик бахӕс кодта фӕтагъд кӕнын куыстыты темптӕ Стыр парчы, кӕцы ис спортивон комплекс "Олимп"-ы цур Цхинвалы. Уый тыххӕй хицауады сӕрдар фехъусын кодта 2019 азы Инвестпрограммӕйы реализацимӕ хъусдарды штабы радон рабадтыл, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

"Инспекцион багӕрсты рӕстӕджы ӕз бацыдтӕн парчы территоримӕ. Фӕнды мӕ банысан кӕнын, арӕзтады темптӕ иттӕг хорз кӕй не сты. Хъӕуы фӕтагъд кӕнын куыстытӕ", - банысан кодта Пухаты Эрик.

Афтӕ ма рабадты рӕстӕджы арӕзтадон организаци "Гарант Групп"-ы директор Александр Березнев радзырдта Хуссар Ирыстоны амӕттаг хъахъхъӕнджыты Мемориалон комплексы арӕзтады тыххӕй Тугъанты Махарбеджы уынгыл.

Резиденция президента РЮО в поселке Дзау. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цы сарӕзтой Хуссар Иры ацы аз: Арӕзтады министры хыгъдлӕвӕрд

"Нырма уагъд цӕуынц цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ проектон документацимӕ гӕсгӕ", - загъта Александр Березнев.

Объект уыдзӕн 6 метры бӕрзӕнд ӕмӕ 30 метры дӕргъ конструкци. Уымӕй дарддӕр ма компани ӕрӕвналдзӕн объекты раз территорийы хӕрзарӕзтадмӕ. Куыстытӕ нывӕндынц фӕуын ацы аз фӕззӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0