Хуссар Иры президент фӕфылдӕр кодта сабийы райгуырды фӕдыл фиддонты бӕрц

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейаг ӕвзаг
Уӕрӕсейаг ӕвзаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллоны райгуырды фӕдыл фиддонты бӕрц фӕфылдӕр ис 10 мин сомӕй 16, 7 мин соммӕ

ЦХИНВАЛ, 23 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕфылдӕр сывӕллоны райгуырды фӕдыл фиддонты бӕрц. Фиддонтӕ 10 мин сомӕй 16, 7 мин соммӕ фӕфылдӕр кӕныны фӕдыл барамынд цыппӕрӕмы бафыста республикӕйы президент Бибылты Анатолий, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Барамынд бахызт йӕ тыхы 23 майы, фӕлӕ фиддонтӕ фӕфылдӕр уыдзысты 2019 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ райгуыргӕ сывӕллӕтты фӕдыл.

Афтӕ ма президент бахӕс кодта хицауадӕн рахицӕн кӕнын паддзахадон бюджетӕй финансон фӕрӕзтӕ фиддонтӕ фӕфылдӕр кӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0