Sputnik Хуссар Ирыстон хайад исы ӕхсӕнадӕмон медиаскъолайы Махачкалайы

© Sputnik / Руслан ТадтаевМедиашкола "Махачкала - 2019"
Медиашкола Махачкала - 2019 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны номӕй хайадисджыты раз лекциимӕ ралӕудзӕн агентады разамонӕг Виталий Раднаев

ЦХИНВАЛ, 3 июн – Sputnik, Тадтаты Руслан. Дагестаны къуырисӕры райдыдта ӕхсӕнадӕмон медиаскъола "Махачкала 2019", цы ран хайад исынц ӕхсӕнадӕмон агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ.

Мадзал у Горчаковы Фонд, ассоциаци "Русско-Балтийский медиацентр" ӕмӕ информацион агентад REGNUM-ы иумӕйаг проект.

Ацы аз организатортӕн мадзал у юбилейон – журналистты фембӕлд ацы фӕзуатыл уагъд цӕуы фӕндзӕм хатт.

Медиаскъола "Махачкала 2019"-ы лектортӕ уыдзысты Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл специалисттӕ, энергетикон ӕмӕ транспортон фадыджы эксперттӕ, афтӕ ма ДИФ, телеуынынад ӕмӕ радиойы сӕйраг редактортӕ, корреспонденттӕ, SMM-специалистӕ ӕмӕ блогертӕ.

© Sputnik / Руслан ТадтаевМедиаскъола "Махачкала 2019"
Sputnik Хуссар Ирыстон хайад исы ӕхсӕнадӕмон медиаскъолайы Махачкалайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Медиаскъола "Махачкала 2019"

Хуссар Ирыстоны номӕй лекцитимӕ ралӕудзӕн агентады разамонӕг Виталий Раднаев.

Уымӕй дарддӕр ма лекцитӕ бафӕрсдзысты ИА REGNUM сӕйраг редактор Модест Колеров, Ӕхсӕнадӕмон ахастыты Мӕскуыйы паддзахадон институты евро-атлантикон ӕдасдзинады Центры зонадон кусӕг Сергей Маркедонов, видеоблогер Дмитрий Пучков (Гоблин) ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Медиаскъола бакодта Дагестаны сӕргълӕууӕджы уынаффӕгӕнӕг Зубайра Зубайраев.

© Sputnik / Руслан ТадтаевМедиаскъола "Махачкала 2019"
Sputnik Хуссар Ирыстон хайад исы ӕхсӕнадӕмон медиаскъолайы Махачкалайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Медиаскъола "Махачкала 2019"

Медиаскъолайы хайадисджыты хсӕн сты Азербайджан, Сомих, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ. Форумы хайадисджытӕ ӕрныхас кӕндзысты Кавказаг регионы проблемӕтӕ, терроризм ӕмӕ экстремизмы ныхмӕ тох кӕнын ӕмӕ ӕмгуыстады перспективӕтыл. Афтӕ ма хайадисджытӕн радзурдзысты нырыккон информацион тыгъдады арӕзтады тыххӕй, ауадздзысты сын мастер-класстӕ социалон хызӕгтӕй пайда кӕныны фӕдыл.

Уымӕй дарддӕр ма хайадисджытӕн ратдзысты хӕслӕвӕрд, цӕмӕй бакусой сӕрмагонд журналистон ӕрмӕгыл сӕ кураторты къухдариуӕгады бын. Иууыл хуыздӕр ӕрмӕджытӕ ныммыхуыр кӕндзысты регионы раздзӕуӕг ДИФ-ты, афтӕ ма Sputnik Хуссар Ирыстон сайтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0