РХИ президент: ӕрдзы сыгъдӕгдзинадмӕ ӕрмӕст зиуты нӕ хъӕуы хъус дарын

© Sputnik / Наталья Айриян Зонкъар
Зонкъар  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта ӕмбӕстӕгтӕн Экологы бон ӕмӕ Алфӕмблайы хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунеон боны цытӕн

ЦХИНВАЛ, 5 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстон у дунейы экологон иууыл хӕрзвадатдӕр бӕстӕтӕй иу, фӕлӕ ӕрдзон ресурстӕй эффектон пайда кӕнын у националон приоритет, кӕцыйыл баст у фидӕны фӕлтӕрты царды гъӕд ӕмӕ ӕнӕниздзинад. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы арфӕйы Экологы бон ӕмӕ Алфӕмблайы хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунеон боны цытӕн.

"Ныфс мӕ ис, нӕ зынаргъ ӕмбӕстӕгтӕ ӕрмӕст зиуты рӕстӕджы нӕ, фӕлӕ ӕрвылбон сӕ хъус кӕй дардзысты ӕрдзы сыгъдӕгдзинадмӕ", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий банысан кодта, абоны бӕрӕгбон кӕй нысан кӕнынц ӕрмӕст ӕрдзы хъахъхъӕнынады фадыджы специалисттӕ нӕ, фӕлӕ ма хуымӕтӕг цӕрджытӕ дӕр.

Экологы бон ӕрвылаз нысан кӕнынц 5 июны 2007 азӕй фӕстӕмӕ. Уымӕй дарддӕр ма абон у Алфӕмблайы хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунеон бон, ИНО Генералон ассамблей расидт ацы бӕрӕгбон 1972 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0