Хуссар Иры парламент фӕцис дӕсӕм сессийы куыст

© Sputnik / Наталья АйриянГасситы Петр
Гасситы Петр  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕзӕм ӕрсидты депутаттӕ аскъуыддзаг кодтой ӕмбырд кӕнын рабадттӕм, цалынмӕ ног депутаттӕ исой сӕ мандаттӕ, уӕдмӕ

ЦХИНВАЛ, 5 июн - Sputnik, Козаты Диана. Парламентон ӕвзӕрстыты размӕ фӕстаг рабадтыл депутаттӕ ӕркастысты постон бастдзинады фӕдыл законы проектмӕ ӕмӕ сывӕллӕтты монон-фӕткон хъомылады программӕмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фарстмӕ.

РХИ парламенты сесси  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад радта хыгъдлӕвӕрд депутаттӕн сӕ куысты тыххӕй

Сессийы размӕ спикер Гасситы Петр банысан кодта, куы бахъӕуа, уӕд депутаттӕ кӕй ӕмбырд кӕныдзысты рабадттӕм, цалынмӕ ног ӕрсидты депутаттӕ сӕ мандаттӕ исой, уӕдмӕ.

Афтӕ ма спикеры цӕст бауарзта ӕнтыстытӕ ӕвзӕрстыты хайадисджытӕн.

"Мӕ цӕст алкӕмӕн дӕр уарзы ӕнтыстытӕ, сӕйраджыдӕр, кандидаттӕн, кӕцытӕ нӕ пайда кӕнынц чъизи технологитӕй", - загъта Гасситы Петр.

Абоны рабадтыл депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты райсын постон бастдзинады фӕдыл закон. Сывӕллӕтты монон-фӕткон хъомылады программӕйы ивындзинӕдтӕ хаудысты техникон моменттӕм.

Ахуырады министр Гасситы Натали бахахх кодта, ацы программӕйы хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнынӕн кӕй хъуамӕ пайда кӕной алкӕцы фадатӕй дӕр.

"Программӕйы бындур, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сты ирон ӕгъдау, националон традицитӕ, мадӕлон ӕвзаг", - загъта министр.

Депутат Козонты Аланы цымыдис кодта министры хъуыды ӕфсӕддон-патриотон музей ӕмӕ этнографион хъӕуы тыххӕй.

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, алкӕцы скъолайы дӕр ис стыр стендтӕ.

"Уыдон дӕр сты чысыл музейтӕ, кӕцыты руаджы сывӕллӕттӕ бирӕ базонынц", - загъта Гасситы Натали.

Этнохъӕуы тыххӕй та министр банысан кодта, ацы фарстыл кӕй бакусдзысты Культурӕйы министрадимӕ.

Гасситы Натали радзырдта, сабидӕтты цалдӕр аз уагъд кӕй цӕуы конкурс иууыл хуыздӕр этнографион къуымыл.

Депутат Хуыбиаты Альберт банхъардта бахӕссын ахуырадон программӕмӕ националон дины традицитимӕ базонгӕ кӕныны урок. Министр баныфсӕвӕрдта, ацы хъӕппӕрисы фӕдыл кӕй ӕрдзурдзысты ахуыргӕнджытимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0