Бибылты Анатолий Хуссар Иры ӕфтиӕгты тыххӕй: нӕ нысан - иу ӕмӕ ӕрдӕг миллиард

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг комкоммӕ эфиры радзырдта республикӕйы царды алыгъуызон къабӕзты тыххӕй ӕмӕ сдзуапп кодта телекӕсджыты фарстытӕн

ЦХИНВАЛ, 6 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта, республикӕ кӕй нывӕнды схизын кӕнын хисӕрмагонд ӕфтиӕгты иу ӕмӕ ӕрдӕг миллиард соммӕ.

Знон изӕр Бибылты Анатолий паддзахадон телеуынынады комкоммӕ эфиры дзуапп кодта ӕхсӕнадон архайд, республикӕйы социалон-экономикон ӕмӕ политикон процессты фӕдыл актуалон фарстытӕн, радзырдта уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ йӕ фестаг фембӕлдты ӕмӕ балцы тыххӕй Хӕххон Карабахмӕ.

Кацты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг миллиард: Хуссар Иры ХФК бюджеты рекордон ӕфтиаджы тыххӕй

"Уӕрӕсейӕн дӕр ахсджиаг у, цӕмӕй мах равдисӕм ӕфтиӕгтӕ", - банысан кодта президент.

Паддзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, нырма дыууӕ азы размӕ республикӕйы бюджет кӕй уыд 700 милуан сомы, фарон азы кӕрӕттӕм та хисӕрмагонд ӕфтиӕгтӕ уыдысты иу миллиард 350 милуан сомы.

"Азы кӕрӕттӕм ӕфтиӕгтӕ уыдзысты миллиард цыппар сӕдӕ милуан сомы, фӕлӕ нӕ нысан нырма у иу ӕмӕ ӕрдӕг миллиард сомы", - загъта Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма президент йӕ хъус ӕрдардта куырдиатмӕ, ома республикӕмӕ нӕ цӕуынц инвестортӕ ӕмӕ банысан кодта, ахӕм уынаффӕтӕ раст кӕй не сты.

"Инвестор абон аразы сӕн, ныккалдта дыргъдӕттӕ. Ис дзы зындзинӕдтӕ, фӕлӕ сӕ гӕнӕн ис аиуварс кӕнын", - бафтыдта Бибылты Анатолий.

Уымӕй дарддӕр ма паддзахады сӕргълӕууӕг загъта йӕ хъуыды парламентмӕ депутатты ӕвзӕрстыты тыххӕй дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0