ЦӔК: схъæлæс кодта æвзарджыты 40 проценты

© Sputnik / Диана КозаеваХуссар Иры цæуынц республикæйы парламентмæ æвзæрстытæ
Хуссар Иры цæуынц республикæйы парламентмæ æвзæрстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры цæуынц республикæйы парламентмæ æвзæрстытæ

ЦХИНВАЛ, 9 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламентмæ æвзæрстыты 14:00 сахатмæ схъæлæс кодта æвзарджыты 38 процентæй фылдæр, фехъусын кодта ЦӔК сæргълæууæг Плиты Белла.

Мæскуыйы минæварады хъæлæс кæнынц ХИ парламентмæ депутаттæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мæскуыйы минæварады хъæлæс кæнынц РХИ парламентмæ депутаттæн

Хуссар Иры цæуынц республикæйы парламентмæ æвзæрстытæ. Райсом аст сахатæй сæ куыст райдыдтой æппæт 77 æвзарæн фадгуытæ, цыппар фаджыджы кусы фæсарæнты – фæйнæ Мæскуыйæ æмæ Сухумы, ноджы ма дыууæ фадыджы та Цæгат Ирыстоны.

VII æрсидты парламенты 34 бынатмæ претенденттæ сты авд политикон парти - "Иугонд Ирыстон", "Дзыллæйы иудзинад", "Ныхас", "Иудзинад", "Адæмон парти", "Фыдыбæстæ", "Коммунистон парти" æмæ 99 иумандатон кандидаты, уыдонæй 60 раразмæ кодтой партитæ.

Парламентон æвзæрстытæм Хуссар Иры сæ цæст дарынц æхсæнадæмон цæстдарджытæ Уæрæсе æмæ фæсарæнтæй.

Парламент фидаргонд æрцæудзæн æмхæццæ мажоритарон-пропорционалон системамæ гæсгæ. Уæвгæ 34 бынты æмбис æвзæрст æрцæудзæн иумандатон зылдтæм гæсгæ, аннæтæ уыдзысты партийы номхыгъдтæй. Ахæм системæмæ республикæ раздæхт 15 азы фæстæ. IV, V æмæ VI æрсидты закондæттæг органтæ фидар цыдысты партиты номхыгъдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0