Дунемæ рахызт: Хуссар Иры инвалидтæн сарæзтой æвзарæн фадгуыты схъæлæс кæныны фадат

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры инвалидтæн сарæзтой æвзарæн фадгуыты схъæлæс кæныны фадат
Хуссар Иры инвалидтæн сарæзтой  æвзарæн фадгуыты схъæлæс кæныны фадат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фадыгон æвзарæн къамисы уæнгтæ низæфхæрд адæммæ фæцæуынц хæдзæрттæм, фæлæ ацы хатт центр "Точка опоры" цалдæр адæймагæн сарæзта фадат иумæйаг уавæрты схъæлæс кæнынæн

ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны низæфхæрд адæмæн инвалидты реабилитацион центр "Точка опоры" сарæзта æвдæм æрсидты парламентон æвзæрстыты хайад райсыны фадат. Уыдонæй фыццаг Гафезы уынджы цæрæг Уалыты Зоя схъæлæс кодта 16-æм æвзарæн фадыджы. Уый ссис фадыджы 251 хъæлæсгæнæг.

"Абон дыккагæй райгуырдтæн. Мæ чызг-иу схъæлæс кодта мæ бæсты, фæлæ бæллыдтæн мæхæдæг аннæты æмрæнхъ бацæуын фадыгмæ æмæ схъæлæс кæнын. Реабилитацион центр "Точка опоры"-йы хистæр Хъæцмæзты Лео мын баххуыс кодта ацы хъуыддаджы, президенты æххуысæй сарæзтой мæ фатермæ пандус – мæ цард райста ног ахорæнтæ", - загъта Уалыты Зоя.

Зояйæн кæд ныридæгæн фæуд кæнынц аразын пандус, уæддæр йæ æддæмæ рахизынæн нырма хъæуы афыдæбон кæнын. Пандус у цæттæ, ныридæгæн ахуырст цæуы, фæлæ фатеры дуæртты къаласка нæ хизы, уымæ гæсгæ йæ ʻрахызт æнæ æххуысæй нæ цæуы.

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры инвалидтæн сарæзтой æвзарæн фадгуыты схъæлæс кæныны фадат
Дунемæ рахызт: Хуссар Иры инвалидтæн сарæзтой  æвзарæн фадгуыты схъæлæс кæныны фадат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры инвалидтæн сарæзтой æвзарæн фадгуыты схъæлæс кæныны фадат

Ӕвзарæн фадыгмæ бацæуæны та æмбæлынц ног цæлхдурыл – Хуссар Иры административон бæстыхæйттæ сахъат адæмы уавæртæм арæзт не сты, уымæ гæсгæ æххуысмæ бацыдысты хъæлæсгæнджытæ æмæ æхсæнадон фæтк хъахъхъæнджытæ. Уынгмæ рахизгæйæ сылгоймагæн йæ зæрдæ уынгæг кæны æнкъарæнтæй.

"Аст азы дæргъы уыддæн мидæг ахæсты, ныр рахызтæн дунемæ", - бафтыдта Зоя.

Инвалидон къаласкатыл чи ис, уыдон фыццаг хатт исынц хайад æвзæрстон процессы иумæйаг уавæрты, уымæй размæ се ʻмбæстагон хæс æххæст кодтой хæдзары.

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры инвалидтæн сарæзтой æвзарæн фадгуыты схъæлæс кæныны фадат
Дунемæ рахызт: Хуссар Иры инвалидтæн сарæзтой  æвзарæн фадгуыты схъæлæс кæныны фадат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры инвалидтæн сарæзтой æвзарæн фадгуыты схъæлæс кæныны фадат

Ныридæгæн ма иу ахæм пандус арæзт цæуы ноджы иу инвалиды хæдзармæ.

"Ис мæм авд куырдиаты къуындæг авналæнтимæ адæмы бинонтæй, æз сын сарæзтон проекттæ, президент радта æххуысы ныфс. Абон фыццаг пилотон проект арæзт æрцыд. Дыууæ низæфхæрд адæймаджы сæххæст кодтой се ʻмбæстагон хæс. Уый у фыццаг къахдзæфтæй иу уæгъдвæндаг æхсæнадмæ инвалидтæн", - загъта Sputnik инвалидты центр "Точка опоры" хицау Хъæцмæзты Лео.

Низæфхæрд адæмæн центр "Точка опоры" арæзт цæуы Белинскийы уынгыл. Ам Хъæцмæзты Лео йæ хисæрмагонд хæдзар рацарæзта центрмæ. Фидæны йæ фæнды уым скæнын канд улæфыны нæ, фæлæ ма куысты фадæттæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0