ЦӔК фехъусын кодта Хуссар Иры парламентон æвзæрстыты развæлгъау хатдзæгтæ

© Sputnik / Наталья АйриянЦӔК фехъусын кодта Хуссар Иры парламентон æвзæрстыты развæлгъау хатдзæгтæ
ЦӔК фехъусын кодта Хуссар Иры парламентон æвзæрстыты развæлгъау хатдзæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Централон æвзарæн къамис рагром кодта 15 æвзарæн фадыгæй, кæройнаг хатдзæгтæ уыдзысты фондз боны æмгъуыдмæ

ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Белла фехъусын кодта пресс-центры парламенты æвдæм æрсидты хъæлæсæппæрсты развæлгъау бæрæггæнæнтæ.

Уый бамбарын кодта, ацы бæрæггæнæнтæ æнцой кæнынц телефонæй радæтгтæ информацийыл 15 æвзарæн фадыгæй.

ЦӔК бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нырма иууыл фылдæр хъæлæстæ райста парти "Иугонд Ирыстон", кæцыйæн схъæлæс кодта 3279 адæймажы.

Парти "Иудзинад" –æн схъæлæс кодта 261 адæймаджы, "Ныхас" – 1171, Аæмон парти – 1790, Компарти – 572, "Фыдыбæстæ" – 275 æмæ "Дзыллæйы иудзинад" – 1080.

"Алкæй ныхмæ схъæлæс кодта 96 адæймаджы. Ацы цифрæтæ бындуриуæг кæнынц Цæгат Ирыстон, Мæскуы, Сухумы æмæ республикæйы 15 фадыджы бæрæггæнæнтыл", - загъта Плиты Белла.

Хуссар Иры цæуынц республикæйы парламентмæ æвзæрстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦӔК: схъæлæс кодта æвзарджыты 40 проценты

Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Белла ма фехъусын кодта развæлгъау бæрæггæнæнтæ иумандатон зылдтæм гæсгæ. Уыдонмæ гæсгæ зылд №1 Коцты Игорь, №2 - Тадтаты Анатолий, зылд №4 иу фадыджы æмбулы Тедеты Артур, аннæйы та Джыгкайты Алан.

Зылд №6 фылдæр хъæлæстæ райста Гаглойты Малхаз, №7 – Зассеты Алан, №8 – Гаглойты Алан, №10 – Икъоты Сæрмæт, №12 – Худжиты Руслан, зылд №13 – Бæззаты Владимир, зылд №16 –Дриаты Заза æмæ зылд №17 – Хуыбылты Илья.

Иумæйагæй хъæлæсæппæрсты хайад райстой æвзарджыты 65 проценты.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0