Хуссар Ирмæ фæуазæг сты æхсæны адæм Евроцæдис, ИНО æмæ ОБСЕ –йæ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирмæ фæуазæг сты æхсæны адæм Евроцæдис, ИНО æмæ ОБСЕ –йæ
Хуссар Ирмæ фæуазæг сты æхсæны адæм Евроцæдис, ИНО æмæ ОБСЕ –йæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Делегаци Хуссар Иры разамынадимæ æруынаффæ кодтой Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы радон раунды нывæзтыл

ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik, Гæбæраты Элина. Женевæйы дискусситы сæйраг нысан у Хуссар Ирыстон адæмы æмæ æмткæй Фæскавказы æдасдзинад бахъахъхъæнын, фехъусын кодта Хуссар Иры æххæстбарджын минæвар фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фæдыл Джиоты Мурæт.

Евроцæдис, ИНО æмæ ОБСЕ –йы æмсæрдæрттæ æрцыдысты дыццæджы Цхинвалмæ Женевæйы дискусситы радон раунды нывæзтыл ныхас кæнынмæ.

"Ахсджиаг у, цæмæй гуманитарон фарстытæ скъуыддзаг цæуой арæны дыууæ фарс цæрæг хуымæтæг адæмы хæрзæбонæн ", - загъта фембæлды Джиоты Мурæт.

Æххæстбарджын ма радзырдта нысаниуæгджын хабæрттыл, кæцытæ æрцыдысты фæстаг рæстæджы нæ республикæйы.

"Ацыдысты нæм парламентон æвзæрстытæ мажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ. Ӕвзæрстытæм æрцыдысты 70 цæстдарæджы. Афтæ ма нæ футболон æмбырдгонд рамбылдта Европæйы Чемпионат ConIFA – 2019", - бафтыдта уый

МПРИ Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Мурæт: РХИ цæттæ у кусын, ИӔАМ-ы фембæлды къуыхцымæ æнæкæсгæйæ

ЕС-ы æмсæрдар Тойво Клаар банысан кодта Хуссар Иры фарсы фæстиуæгджын куыст инциденттæ ма руадзыны механизмты фæлгæтты.

"Бузныг зæгъын мæ фæнды уæ куысты тыххæй Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) форматы фембӕлдты, кæцытæ цæуынц æрвылмæй. Нæ разы бирæ вазыгджын фарстытæ кæй лæууы, уымæ æнæкæсгæйæ кусæм дарддæр" - загъта Клаар.

Фæскавказы фæдыл женеваг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ. Абоны бон уый у иунæг диалогон формат Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн. Уымæй дарддæр ма сæ хайад исынц Уæрæсе, АИШ, афтæ ма ООН, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.

 

 

Ног хабӕртты лентӕ
0