Белоруссийы МХМ-йы хистæрæй нысангонд æрцыд ирон

© Sputnik / Александр ШурмелевБелоруссийы МХМ-йы хистæрæй нысангонд æрцыд ирон
Белоруссийы МХМ-йы хистæрæй нысангонд æрцыд ирон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уый нырмæ куыста мидхъуыддæгты министры хæдивæджы — сæрмагонд æфсæдты командæгæнæджы бынаты

ЦХИНВАЛ, 11 июн — Sputnik. Белоруссийы президент Александр Лукашенко дыццæджы сæ бæстæйы мидхъуыддæгты министры бынатмæ снысан кодта цæгатирыстонæй ацæугæ Хъараты Юрийы, хъусын кæны 15-й Регион.

Уый нырмæ куыста мидхъуыддæгты министры хæдивæджы — сæрмагонд æфсæдты командæгæнæджы бынаты.

"Хъараты Юрий Цæгат Ирыстонæй рацæугæ у. Белоруссимæ ацыд 1987 азы. 2009 азæй куыста мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд æфсæдты оперативон æмæ хæстон цæттæдзинады хицауы фыццаг хæдивæджы бынаты", - дзырдæуы хъусинаджы.

Биографи

Хъараты Юрий каст фæци Саратовы УФ мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд æфсæдты Дзержинскийы номыл уæлдæр æфсæддон командон Сырхтырысайы ахуыргæнæндон.

Уӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрады делегаци ӕрцыд Хуссар Ирмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр ӕнтыст: Уӕрӕсейы МХМ делегаци ӕрцыд Хуссар Ирмӕ

1987 азы æрвыст æрцыд Белоруссимæ, уым Могилевы райдыдта службæ кæнын.

Хъараты Юрий фæлтæрдджын у алыхуызон сæрмагонд бригадæтæн разамынд дæттыны хъуыддаджы: уый уыд Гомелы милицæйы бригады командæгæнæг, разамынд лæвæрдта Бобруйскы милицæйы батальонæн, уыд Дмитрий Павличенкойы 3214 æфсæддон хайы комбат.

2008 азы октябры мæйы бацахста Белоруссийы мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд æфсæдты 3-аг хицæн Сырхтырысайы бригады командиры бынат.

Ног хабӕртты лентӕ
0