Президент раарфæ кодта Тотоонты Александрæн ног бынатмæ снысаны фæдыл

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент раарфæ кодта Тотоонты Александрæн ног бынатмæ снысаны фæдыл
Президент раарфæ кодта Тотоонты Александрæн  ног бынатмæ снысаны фæдыл   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон политик разамынад дæтдзæн Мæскуыйы ирон æхсæнады советæн

ЦХИНВАЛ, 11 июн – Sputnik. Президент Бибылты Анатолий раарфæ кодта Тотоонты Александрæн Мæскуыйаг ирон æхсæнады советы сæрдары бынатмæ снысан кæныны фæдыл. Паддзахады разамонæджы уырны, уый къухдариуæгадæй æхсæнад кæй рахиздзæн размæцыды ног æмвæзадмæ, хъусын кæны президенты сайт.

"Цытджын Александр Борисы фырт, арфæ дын кæнын Мæскуыйаг ирон æхсæнады советы сæрдары бынатмæ снысаны фæдыл. Мæн уырны, ирон национ змæлды размæ лæугæ нысæнттæ - этнос бахъахъхъæныны æмæ Уæрæсейы цæрæг æндæр адæмтимæ æмгуыстад сфидар кæныны нысæнттæ дæ къухдариуæгадæй рахиздзысты ног æмвæзадмæ", - дзырдæуы арфæйы.

Хуссар Иры хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент раарфæ кодта Дыгъуызты Зæринæйæн Ростуризмы хистæрæй снысаны фæдыл

Тотоонты Александр куыста Цӕгат Ирыстоны комсомолон, партион ӕмӕ советон органты. 2012 азы ссис Советы Федерацийы сенатор республикӕ Цӕгат Ирыстонӕй. Федерацийы Советы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны парламенты ӕмгуыстады къамисы сӕргъ лӕууыд.

Тотоонты Александр уыд Цӕгат Ирыстоны парламенты депутат, Уӕрӕсейы адӕмты Ассамблейы сӕрдары хӕдивӕг, афтӕ ма Евразийы адӕмты Ассамблейы уӕнг.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0