Сæрмагонд медиа-фæзуат зонгæ кæндзæн Хуссар Иры туристон потенциалимæ

© Пресс-служба президента РЮОФыццаг ирон-уæрæсейаг фæсивæдон форум архайджыты райста президент Бибылты Анатоли
Фыццаг ирон-уæрæсейаг фæсивæдон форум архайджыты райста президент Бибылты Анатоли - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны цæуы фыццаг ирон-уæрæсейаг фæсивæдон форум. Йæ архайджыты райста президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 14 июн - Sputnik. Хуссар Иры туристон потенциалимæ базонгæ кæндзæн сæрмагонд медиа-фæзуат фыццаг ирон-уæрæсейаг фæсивæдон форумы фæлгæтты. Уый тыххæй фехъусын кодта уæрæсейаг делегацийы сæргълæууæг Никита Чекрыгин президент Бибылты Анатолийимæ фембæлды рæстæджы, хъусын кæны паддзахады разамонæджы пресс-службæ.

"Радон ирон-уæрæсейаг фæсивæдон форумы фæлгæтты сараздзысты медиа-фæзуат, цы ран радзурдзысты Хуссар Ирыстоны тыххæй, уымæй йæ туристон потенциал раразмæ кæнгæйæ", - загъта уый

Президент банысан кодта ахæм мадзæлтты ахсджийагдзинад, кæцытæ фидæны фæахъаз уыдзысты фæсивæдæн ахастытæ скæнынæн.

"Мах иумæ куы уæм, нæ фæсивæд æмгуыст куы кæной, уæд нын цæлхдуртæ тассаг неʻсты. Ис нын иумæйаг нысæнттæ, кæцытæ нæ къухы бафтдзысты", - загьта уый.

© Пресс-служба президента РЮОФыццаг ирон-уæрæсейаг фæсивæдон форум архайджыты райста президент Бибылты Анатоли й
Сæрмагонд медиа-фæзуат зонгæ кæндзæн Хуссар Иры туристон потенциалимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг ирон-уæрæсейаг фæсивæдон форум архайджыты райста президент Бибылты Анатоли й

Фæсивæдон политикæйы комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентина бузныджы ныхæстæ загъта президентæн мадзал ауадзыны хъуыддаджы йе ʻххуысы тыххæй.

Уӕрӕсе, ЛАР, ДАР, Днестыргӕрон, Абхаз, Хӕххон Карабах, Цæгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдмӕ 11-15 июны ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты семинартӕ, тымбыл фынгтӕ, мастер-класстӕ, спортивон хъӕзтытӕ ӕмӕ цымыдисон баныхас.

Ног хабӕртты лентӕ
0