Центр "Лидер"-ы сапертæ дарддæр сыгъдæг кæнынц Хуссар Иры территори

© МЧС Республики Южная ОсетияЦентр "Лидер"-ы сапертæ дарддæр сыгъдæг кæнынц Хуссар Иры территори
Центр Лидер-ы сапертæ дарддæр сыгъдæг кæнынц Хуссар Иры территори - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг сапертæ æрцыдысты республикамæ цыппæрæм хатт, уыдон сыгъдæг кæнынц тæссаг æрмæджытæй Зары бæрзæнд

ЦХИНВАЛ, 14 июн - Sputnik. Центр "Лидер"-ы уæлдай тæссаг ирвæзынгæнæн операциты отряды командир булкъон Алексей Завацкийы къухдариуæгадæй дарддæр цæуы куыст тæссаг срæмудзæн æрмæджытæ агурыны фæдыл.

13 июны басгæрстой 1000 м2 (0,1 га) фæзуат, хъусын кæны центры пресс-службæ.

Центр Лидер - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Лидер"-ы сапертӕ фесты ӕнӕзианхъомгӕнӕн куыстытӕ Хуссар Иры

"Пиротехникон къорд ссыгъдæг кодта 3390 м2 (0,34 га) фæзуат, ссардæуыд фондз минæ ПМН-2", - дзырдæуы хъусинаджы.

Умæй размæ спырх кодтой фондз срæмудзæн æрмæг: минæ МОН-50, минæ ТМ-62М, электродетонатор ЭДП-р æмæ дыууæ гранатæ ВОГ-17.

"Размæцæугæ хатдзæгимæ сгæрст ʻрцыд 171 760 м2 (17,17 га) æмткæй ссардæуыд 145 срæмудзæн æрмæг", - бафтыдтой центры пресс-службæйы.

Уӕрӕсейаг специалисттӕ ныр сты цыппӕрӕм гуманитарон миссиимæ Хуссар Ирыстоны. Уыдон куыстой тӕссаг хӕйттыл ӕмӕ ссыгъдӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй республикӕйы территорийы 100 гектарӕй фылдӕр, ссардтой 700 рӕмудзӕн ӕрмӕгӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0