Президент сæ бынæттæй ссæрибар кодта УУМ, Паддзахадон хъахъхъæнынад æмæ районы хистæрты

© Sputnik / Наталья АйриянХицауады хæдзар
Хицауады хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕппæт ссæрибаргонд кусджытæ æвзæрст æрцыдысты парламентмæ парти "Иугонд Ирыстон"- æй

ЦХИНВАЛ, 14 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ссæрибар кодта сæ бынæттæй УУМ хистæр Тадтаты Алан, Паддзахадон хъахъхъæнынад службæйы хистæр Бибылты Ацæмæз æмæ Знауры районы администрацийы хистæр Гæбæраты Иналы парламенты æвдæм æрсидты депутаттæй æвзæрст кæй ʻрцыдысты, уый тыххæй, хъусын кæны майрæмбоны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Плиты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент йæ бынатæй ссæрибар кодта Цхинвалы районы хистæры

Абон ма президент рæстæгмæ уæлвæткон уавæрты министры хæстæ сæвæрдта йæ фыццаг хæдивæг Бестауты Ацæмæзыл. Паддзахадон хъахъхъæнынад службæйы хистæры хæстæ та æххæст кæндзæн Жажиты Таймураз.

Знауыры районы хистæры хæстæ райсдзæн йæ фыццаг хæдивæг Гаглойты Юрий.

Ног хабӕртты лентӕ
0