"Ӕз ус нæ курын": паддзахадон театр хоны ног комедимæ

© Sputnik / Наталья АйриянХуымæтæг кæсæгæн: ПДТ бавдисдзæн комеди "Ӕз ус нæ курын"
Хуымæтæг кæсæгæн: ПДТ бавдисдзæн комеди Ӕз ус нæ курын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Комеди сфæлдыстадон советæн бавдисдзысты майрæмбоны

ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстон Паддзахадон драмон театры сценæйыл ног къуыри бавдисдзысты музыкалон комеди "Ӕз ус нæ курын". Ивгъуыд æнусы 70-æм æзты Годжысаты Исахъы фыст уацмыс æвæрæг-режиссер, Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Хъæцмæзты Фатимæ рацарæзта ныры дугмæ.

Спектакль Фатима - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фатимæ"-йы æрыздæхт: театр ӕрбакодта сезон

"Годжысаты Исахъæн 2020 азы уыдзæн йæ райгуырды 90 юбилей æмæ спектаклы сæвæрд уыдзæн хорз фадат йæ ном ногæй æрымысынæн. Пьесæмæ бахастон ивындзинæдтæ, цæмæй йæ ныры дугмæ æрæмных кæнон", - загъта режиссер.

Сценæйыл архайдзæн 8 актеры, уыдон дих сты дыууæ къордыл - иуы архайынц дыууæ бинонтæ, аннæйы та сты - "биржевиктæ".

"Мæ спектаклы нæй сæйраг æмæ фæрсаг фæлгонцтæ – иууылдæр сты æмсæр. Ам мах зонгæ артистты фендзыстæм ног амплуайы, музыкæ æмæ хореографимæ æмхиц чи нæу, уыдон дæр ныззардзысты æмæ æркафдзысты. Мæ биржевикты карз нозт æмæ тамако нæ иу кæны, фæлæ аивады монцтæ", - радзырдта Хъæцмæзты Фатимæ.

Режиссер ма банысан кодта, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг классикæйы бæсты уый национ театры сенæйыл кæй фæнды уынын ирон уацмыстæ.

"Национ театры сценæйыл хъуамæ æвæрд цæуа ирон пьесæтæ. Мæ спектакль у хуымæтæг кæсæгæн, у рог æмæ хъæлдзæг. Фестивалон спектакль нæу. Санахъоты Мæдинæйы сценографийы центры ис ногдзауты паркы иу хай, кæцы Цхинвалы иу рæстæджы хуыдтой Сан-Бабила, уым хъуамæ йæхи фæхата кæсæг дæр", - радзырдта режиссер.

Спектаклы архайынц Хаситы Эмма æмæ Сослан, Хуыгаты Альбина, Мамиты Григорий, Тедеты Андрей, Бекъойты Зæринæ, Кокойты Нина æмæ Бекъойты Филипп.

Театры директор Уалыты Мӕдинӕ ӕмӕ уӕрӕсейаг вузы ректор Григорий Заславскийы фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг режиссертӕ сӕвӕрдзысты спектакльтӕ Хуссар Иры театры сценӕйыл

"Кокойты Нинайæн уыдзæн дебютон ралæуд драмон театры сценæйыл, æвзонг актер Цоциты Андрейы бахъуыд баивын, йæ бæсты æрбахуыдтам Сывæллæтты сфæлдыстадон галуанæй æвзонг лæппу Бекъойты Филиппы", - бафтыдта уый.

Режиссеры ныхæстæм гæсгæ, комедийæн сæрмагондæй фыст зарджытæ фидæны суыдзысты Цхинвалы хиттæ.

"Айзæлдзæн зарджытæ,  сæрмагондæй сын музыка ныффыста  Цоциты Аннæ, йæ текст ын бацæттæ кодтой Остъаты Алан æмæ Хацырты Азау", - бафтыдта Хъæцмæзты Фатимæ.

Спектакль "Ӕз ус нæ курын"-æн дарæс хуыд æрцыд театры Коцты Таня эскизтæм гæсгæ. Тохтæ сæвæртта Харебаты Жан-Жак, кæфтытæ -Тедеты Андрей.

Ног хабӕртты лентӕ
0