Хуссарирыстойнаг университеты райдыдта исæн кампани

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Боны хайадмæ цы абитуриенттæ цæуой, уыдон иууылдæр дæтдзысты ирон æвзагæй фæлварæн - диктант

ЦХИНВАЛ, 2 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты байгом исæн къамис 2019-2020 ахуыры æзтæн. ХИПУ официалон сайт куыд хъусын кæны, афтæмæй куырдиæттæ исын райдыдтой 1 июлæй. Исæн къамис йæ куыст адарддæр кæндзæн 15 июлы онг, фæсаууонмæ æмæ коммерцион бындурыл ахуырмæ цæуджытæн та 20 июлы онг. 

© ЮОГУХуссарирыстойнаг университеты райдыдта исæн кампани
Хуссарирыстойнаг университеты райдыдта исæн кампани - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг университеты райдыдта исæн кампани

Абитуриенттæ дæтдзысты бацæуæн фæлварæнтæ равзаргæ факультетмæ гæсгæ. Скъолаты рауагътонтæ, кæцытæ ахуыр фесты сыгъзæрин æмæ æвзист майдантимæ, кæнæ та æнæххæст сæрмагонд кæнæ техникон ахуыргæнæндæтты рауагъдонтæ та дæтдзысты æрмæст иу, фыццаг фæлварæн.

"Кæд райсой иттæг хорз нысан, уæд иннæ фæлварæнтæй æрцæудзысты сæрибар. Афтæ ма æнæ конкурсæй æмæ æнæ фæлварæнтæй ист цæудзысты профилон предметтæй республикон олимпиадæты уæлахиздзаутæ", - хъусын кæны ХИПУ пресс-службæ.

ХИПУ фадат дæтты абитуриенттæн равзарын 12 дæсниадæй боны хайадмæ æмæ 9 дæсниадæй та фæсаууонмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0