Дебют профессионалон рингыл: цхинвайлаг боксер стох кæндзæн Абхазы турниры

© Фото из архива тренера В.ХаситыЦхинвайлаг боксер стох кæндзæн æхсæнадæмон турниры Абхазы
Цхинвайлаг боксер стох кæндзæн æхсæнадæмон турниры Абхазы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Боксер Санахъоты Аслан фыццаг хатт рахиздзæн профессионалон рингмæ

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг боксер Санахъоты Аслан стох кæндзæн профессионалон боксы изæр "Кубок государства Абхазия"-йы æфсымæрон республикæйы. Спортсменæн уый уыдзæн йæ дебют профессионалон рингыл, фехъусын кодта Sputnik йæ ахуыргæнæг, спорты галуан "Олимп"-ы хистæр тренер Хаситы Владислав.

"Хӕларадон" бокс: Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы спортсментӕ стох кӕндзысты Цхинвалы

Санахъоты Аслан ныридæгæн кусы йæхæдæг дæр тренерæй - йæ къухы травмæ лæппуйы дыууæ азы æмгъуыдмæ фæиппæрд кодта боксæй.

"Аслан рамбылдта бирæнымæц ахадгæ турниртæ. Спорты ацы фадыджы уый архайы авд азмæ æввахс. Дыууæ азы размæ уый раста къухы травмæ æмæ йæ уый фæиппæрд кодта йæ уарзон хъуыддагæй. Фæлæ ацы рæстæг дæр снывонд кодта кæстæр фæлтæры ахуырæн. Нæ секцийы боксерты кæстæр фæлтæр, фылдæр бæрцæй, сты йæ бæрны", - загъта Хаситы Владислав.

Тренер ма банысан кодта, ацы турниры Аслан фæстæмæ кæй раздæхдзæн боксмæ æмæ йæхи сфæлвардзæн профессионалты хсæн.

"Абхазы уыдзæн турнир профессионалон боксæй, архайдзæн дзы суанг Латинаг Америка, Европæ æмæ Советон Цæдисы раздæры республикæты минæвæрттæ. Йæ ныхмæлæууæг нырма фидарæй бæрæг нæу", - бафтыдта тренер.

Профессионалон боксы изæры "Кубок государства Абхазия" ацæудзæн 13 июлы. Санахъоты Асланыл цæуы 22 азы, архайы 69 кг уæзы.

© Фото из архива тренера В.ХаситыПрофессионалон боксы изæры "Кубок государства Абхазия" ацæудзæн 13 июлы.
Дебют профессионалон рингыл: цхинвайлаг боксер стох кæндзæн Абхазы турниры  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Профессионалон боксы изæры "Кубок государства Абхазия" ацæудзæн 13 июлы.

Ног хабӕртты лентӕ
0