Хуссар Иры ӕрдзырдтой ахуыр ирон ӕвзагмӕ ракӕныныл

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рабадтыл президент Бибылты Анатолийы къухдариуӕгады бын ӕрдзырдтой Ирыстоны истори ӕмӕ географи ирон ӕвзагыл ахуыр кӕныны фарстытыл республикӕйы скъолаты

ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik. Ирыстоны географи ӕмӕ истори хъуамӕ ахуыр кӕной мадӕлон ӕвзагыл. Уый тыххӕй рабадты рӕстӕджы, кӕцыйы хайад райстой президент Бибылты Анатолий ӕмӕ премьер-министр Пухаты Эрик, фехъусын кодта ахуырад ӕмӕ зонады министр Гасситы Натали, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

Ирыстоны историйы чиныг рацӕудзӕн дыууӕ ӕвзагыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны историйы чиныг рацӕудзӕн дыууӕ ӕвзагыл

Гасситы Натали банысан кодта, Ахуырады министрад кӕй банхъардта сорганизаци кӕнын ирон ӕвзаджы курсытӕ.

"Афтӕ ма мах банхъардтам арвитын фыстӕг Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмӕ, цӕмӕй фӕфылдӕр кӕной ирон ӕвзаджы сахаттӕ, саразын специализаци ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл, афтӕ ма фӕфылдӕр кӕнын ирон ӕвзаджы спецкурсы нымӕц", - загъта министр.

Бибылты Анатолий бахахх кодта Ирыстоны истори ӕмӕ географийы чингуыты ирон ӕвзагыл рауадзыны ахсджиагдзинад.

"Ирыстоны хуссар ӕмӕ цӕгат нӕ дих кӕнынц. Мах фӕнд кӕнӕм баиу кӕныны нӕ адӕмы, нӕ истори дӕр у иу. Ирыстоны историйы чиныг ныридӕгӕн ныммыхуыр кодтой ӕмӕ дзы ахуыр кӕнынц скъолаты. Фӕлӕ дзы мах хъуамӕ бахӕссӕм уӕлӕмхасӕн ӕрмӕджытӕ Хуссар Ирыстоны тыххӕй", - загъта Бибылты Анатолий.

Президент ӕрсидт ӕркӕсын ӕрмӕгмӕ, бавдисын ӕй профилон специалисттӕн, цӕмӕй дарддӕр ӕрдзурой фарстытыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0