Цхинвалы изӕртӕ срӕсугъд кӕндзысты ирон кӕфтытӕ ӕмӕ 80-ӕм ӕзты дискотекӕйӕ

© пресс-служба РМОО "Единая Алания""Ирон хъазт"
Ирон хъазт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Националон музыкӕ ӕмӕ кӕфтытимӕ изӕртӕ уагъд цӕудзысты столицӕйы центры къуыри дыууӕ хатты

ЦХИНВАЛ, 10 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы 19 июлы ацӕудзӕн ирон кӕфтыты фыццаг традицион изӕр "Ирон хъазт". Ахӕм мадзӕлттӕ Хуссар Ирыстоны столицӕйы администраци нывӕнды уадзын ӕрвылкъуыри сӕрды кӕронмӕ, фехъусын кодта Sputnik горӕты администрацийы культурӕ, фӕсивӕд ӕмӕ спорты хайады хистӕр Тасойты Игорь.

Цхинвалы ацæудзæн хъазты изæр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацæудзæн хъазтизæр

Уый банысан кодта, кӕфтыты изӕртӕ уагъд кӕй цӕудзысты Ногдзауты парчы къуыри дыууӕ хатты, афтӕ ма алкӕцы ӕртыццӕг уадздзысты 80-ӕм ӕзты дискотекӕ хистӕр фӕлтӕрӕн.

"Хъазт уыдзӕн дыууӕ хаййӕ – националон музыкӕ ӕмӕ кӕфтытӕ. Алы ӕртыццӕг адӕмон кӕфтытӕй дарддӕр уыдзӕн 80-ӕм ӕзты дискотекӕ хистӕр фӕлтӕрӕн, алкӕцы майрӕмбон та нырыккон музыкӕ фӕсивӕдӕн", - загъта Тасойты Игорь.

Уый ма бафтыдта, ирон кӕфтытӕн кӕй уыдзӕн удӕгас музыкӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0