Хуссар Иры хицауад радта хыгъдлæвæрд адæмæн æххуысæн иу мæймæ

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æхца
Уæрæсейаг æхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адресон æххуыс иу мæймæ райстой 133 адæймаджы, кæцытæ бахаудтой зын цардуавæрты

ЦХИНВАЛ, 10 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад уæззау цардуагон уавæрты бахауæг æмбæстæгтæн июны бакодта адресон æххуыс, йæ иумæйаг бæрц у 1,5 милуан сомы. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы хицауады пресс-службæ.

Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад радзырдта адæмæн æххуысы тыххæй майы

Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй материалон æххуыс райстой 133 адæймаджы, уыдонæй аст сты I æмæ II группæты инвалидтæ æмæ сын рахицæн æрцыд 105 мин сомы. 16 инвалиды сабибонтæй фæстæмæ та райстой иумæйагæй 165 мин сомы.

"68 бирæсывæллонджын бинонтыл социалон службæтæ байуæрстой 790 мин сомы, 11 фæмардуæвæджы бинонтæ райстой 110 мин сомы, 12 æххуысхъуаг бинонтæ та - 125 мин сомы", - дзырдæуы хъусинаджы.

Афтæ ма адресон æххуыс бакодтой 12 сидзæрæн (120 мин сомы), æнæниздзинады уавæры тыххæй иурæстæгон æххуыс райстой цыппар æмбæстаджы (50 мин сомы). Уымæй дарддæр ма 20 мин сомы рахицæн æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветераны бинонтæн, иу адæймагæн та цардуагон хæрдзтæн радтой 5 мин сомы.

Зын цардуагон уавæрты бахауæг æмбæстæгтæн адресон æххуыс конд цæуы республикæйы хицауады барамындæй 2015 азы октябрæй фæстæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0